Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 24:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Дунедарӕджы ном чи рафауа, уый мард ӕрцӕуӕд: адӕм-иу ӕй иумӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Ӕрцӕуӕггаг ӕви бынӕттон цӕрӕг уа, — Дунедарӕджы ном чи рафауа, уый хъӕуы амарын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 24:16
19 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ семӕ ацыд иудейаг сахар Бааламӕ, цӕмӕй уырдыгӕй ӕрбахӕссой Хуыцауы Фидыды Чырын, херувимтыл Ӕнцайӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ном чи хаста, уый.


Ӕз та мыггагмӕ кад кӕндзынӕн ӕмӕ стаудзынӕн Йаковы Хуыцауы.


Ӕнӕхъуаджы ма сдзур Дунедарӕджы, Дӕ Хуыцауы, ном. Дунедарӕг ӕнӕбафхӕргӕ нӕ ныууадздзӕн, Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уый.


Хуыцауы ма фау, дӕ фӕтӕджы фыдгой ма кӕн.


«Уӕхицӕй кӕнӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса, уӕд мард ӕрцӕуӕд: адӕм ӕй дурты бын фӕкӕнӕнт.


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: цыфӕнды тӕригъӕд ӕмӕ фауӕн ныхас дӕр адӕймагӕн хатыргонд уыдзысты, фӕлӕ фауӕн ныхас Сыгъдӕг Уды ныхмӕ нӕ уыдзӕни хатыргонд.


Цы хъуыды уӕм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Аххосджын у, хъуамӕ мард ӕрцӕуа».


Хуыцауы куыд фауы, уый уӕхӕдӕг фехъуыстат. Цы хъуыды уӕм ис?» Се ’ппӕт дӕр Ӕй банымадтой аххосджыныл, марыны тӕрхон рахӕссыны аккаг у, зӕгъгӕ.


Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау ӕмӕ, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».


Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл; агъуыдау сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр.


Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.


кӕд ӕз раздӕр фауӕг, сурӕг ӕмӕ ӕфхӕрӕг уыдтӕн, уӕддӕр. Фӕлӕ мын Хуыцау ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ, цы ми кӕнын, уый не ’мбӕрстон — талынг ӕмӕ ӕнӕуырнӕг уыдтӕн.


Сымахӕн цы кадджын ном рардӕуыд, ууыл цъыф уыдон нӕ калынц, ӕви?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan