Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 24:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 «Уыцы фауӕджы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ ракӕн. Чидӕриддӕр ӕй фехъуыста, уыдон ын сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт ӕмӕ йӕ адӕм дурты бын фӕкӕнӕнт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 24:14
16 Iomraidhean Croise  

Йӕ бакомкоммӕ йын ӕрбадын кӕнут дыууӕ цъаммар лӕджы ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн кӕнӕнт, ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕй фӕссахармӕ ракӕнут ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкӕнут».


Цалынмӕ йыл ӕфхӕлд уа, уӕдмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ӕнӕсыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕра хибарӕй, рӕсӕнуаты ӕдде.


«Уӕхицӕй кӕнӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса, уӕд мард ӕрцӕуӕд: адӕм ӕй дурты бын фӕкӕнӕнт.


Нӕлгоймаг ӕви сылгоймаг уа, мӕрдтӕм куы сидой кӕнӕ дӕсны куы фӕрсой, уӕд мард ӕрцӕуӕнт: дурты бын-иу сӕ фӕкӕнӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын“».


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Уӕд уыдон дуртӕ фелвӕстой, цӕмӕй Йыл сӕ фехсой, фӕлӕ Йесо фӕаууон ис ӕмӕ рацыди Кувӕндонӕй.


уӕд уыцы адӕймаджы, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут.


Сӕ къух ӕм хъуамӕ фыццаг ӕвдисӕнтӕ сисой, уый фӕстӕ та — адӕм. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


Ӕмӕ йӕ сахары цӕрджытӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Фесафут фыддзинад уе ’хсӕнӕй! Ӕгас Израилы айхъуысдзӕн хабар, ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр адӕргӕй нырриздзысты.


уӕд та сахары цӕрджытӕ сылгоймаджы йӕ фыды хӕдзары дуармӕ дурты бын фӕкӕнӕнт: фӕхудинаг кодта Израилы, йӕ фыды хӕдзары хъахбай митӕ кодта. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


Уым Йешуа загъта Аханӕн: «Ацы фыдбылыз ныл цӕмӕн бафтыдтай? Абон дын Дунедарӕг дӕхиуыл фыдбылыз ӕфтауы!» Ӕмӕ Израилы дзыллӕ уым Аханы дурты бын фӕкодтой. Уый фӕстӕ та — уырдӕм ма кӕй ӕрбакодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ басыгътой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan