1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй-иу дӕм цырагъдарӕнӕн ӕрбахӕссой къухӕй лӕмӕрст сыгъдӕг оливӕйы сой — цырагъдарӕны цырӕгътӕ кӕддӕриддӕр куыд судзой.
Моисей израилӕгтӕн фехъусын кодта Дунедарӕджы бӕрӕгбӕтты тыххӕй.
«Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй дын оливӕйы сой ӕрбахӕссой цырагъӕн — сыгъдӕг, къухӕй лӕмӕрст чи у, ахӕм, цӕмӕй цырагъ кӕддӕриддӕр судза.
Сауджын Аароны фырт Елеазары бӕрны сты цырагъдарӕны сой, будусудзӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, ӕрвылбоны хойраджы хуын ӕмӕ сӕрдӕн сой. Йӕ бӕрны сты Уаз Цӕрӕн ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон: уаз дзауматӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ».
«Ааронӕн зӕгъ: цырӕгътӕ афтӕ равӕрӕд, авд цырагъы цырагъдарӕны раз куыд рухс кӕной».