8 Авд боны дӕргъы Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссут, ӕвдӕм бон та уазӕмбырд скӕнут: мацы-иу бакусут».
Фыццаг бон банымайут уазыл, ӕвдӕм бон дӕр нымад ӕрцӕуӕд уазыл. Уӕхицӕн хӕринаг скӕнынӕй дарддӕр хъуамӕ мацы кусат уыцы бонты.
авд боны дӕргъы хӕрут ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ ӕмӕ-иу ӕвдӕм бон сбӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы бӕрӕгбон.
Уыцы авд боны дӕргъы алы бон дӕр Дунедарӕгӕн иууылсудзинагӕн хӕссӕд ӕнӕсахъат авд галы ӕмӕ ӕнӕсахъат авд фыры, тӕригъӕды нывондӕн та сӕгъты дзугӕй — иу цӕу.
Фыццаг бон-иу уазӕмбырд скӕнут, мацы-иу бакусут.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фехъусын кӕн израилӕгтӕн, зӕгъ сын:
Фыццаг бон — уазӕмбырд; мацы-иу бакусут.
Ӕвдӕм бон та — уазӕмбырд; мацы-иу бакусут.
Хоры сӕрты бӕрӕгбоны, Дунедарӕгӕн ног хуымилиаг куы хӕссат Къуыриты бӕрӕгбоны, уӕд дӕр-иу уазӕмбырд скӕнут; мацы-иу бакусут.
Ӕхсӕз боны дӕргъы хӕр донгонд дзул, ӕвдӕм бон скӕн уазӕмбырд — Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, номыл бӕрӕгбон у; ницы кусӕн ис.