5 Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, дыууӕизӕрастӕу — Дунедарӕджы Куадзӕн.
Фыццаджыдӕр, бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы (уыцы мӕй рацыдыстут Мысырӕй) нысангонд бонты, авд боны дӕргъы, хӕрут донгонд дзултӕ. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.
Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонӕй фӕстӕмӕ авд боны дӕргъы бӕрӕг кӕнут Куадзӕн. Бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу хӕрут донгонд дзултӕ.
Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕм Дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»
Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон, Куадзӕны уӕрыкк ӕргӕвдыны бон, ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕдӕм Дын ацӕуӕм Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрынмӕ?»
Ӕрхӕццӕ ис Донгонд дзулты бӕрӕгбон, куадзӕйнаг уӕрыкк ӕргӕвдыны бон.
Израилӕгтӕ Гилгалы рӕсӕнуаты бафӕстиат сты ӕмӕ Куадзӕн скодтой мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, изӕрӕй, Йерихоны дӕлвӕзы.