Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 23:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Уыцы бӕрӕгбон, Дунедарӕджы бӕрӕгбон, ӕрвылаз дӕр бӕрӕг кӕнут ӕвдӕм мӕйы — авд боны дӕргъы. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ; ӕвдӕм бон-иу бӕрӕг кӕнут уыцы бӕрӕгбон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 23:41
5 Iomraidhean Croise  

Алы бон дӕр, фыццаг бонӕй фӕстаг бонмӕ, Хуыцауы дины чиныг кастысты. Сӕ бӕрӕгбон ахаста авд боны. Ӕстӕм бон та сын, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нысангонд уыди кадджын ӕмбырд.


Мадӕр дзул, мадӕр цӕкуытӕ, мадӕр хъуыдыды нартхор бахӕрут, цалынмӕ уӕ Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывонд ӕрбахӕссат, уӕдмӕ. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым.


Фыццаг бон-иу райсут уӕ бӕлӕсты хуыздӕр дыргътӕй, стӕй пальмӕтӕ, сыфтӕрджын бӕлӕстӕ ӕмӕ донхӕристы къалиутӕ; авд боны дӕргъы цин кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.


Авд боны дӕргъы-иу халагъудты цӕрут. Израилы алы бынӕттон цӕрӕг дӕр уыцы бонты цӕрӕд халагъуды,


Ӕвдӕм мӕйы фынддӕсӕм бон уын уӕд уазӕмбырд, мацы-иу бакусут. Дунедарӕджы бӕрӕгбон авд боны дӕргъы бӕрӕг кӕнут


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan