34 ӕвдӕм мӕйы фынддӕсӕм бонӕй фӕстӕмӕ авд боны дӕргъы уыдзӕни Халагъудты бӕрӕгбон — Дунедарӕджы кадӕн.
Ӕстӕм мӕйы фынддӕсӕм бон снысан кодта бӕрӕгбон, иудейаг бӕрӕгбон фӕзмгӕйӕ, ӕмӕ Даны нывондхӕссӕныл ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ. Афтӕ бакодта Вефилы дӕр, цы уӕнгуытӕ скӕнын кодта, уыдонӕн ӕрхаста нывӕндтӕ. Вефилы цы кувӕн къуыбыртӕ скодта, уыдонӕн сӕвӕрдта, йӕхӕдӕг кӕй снысан кодта, уыцы сауджынты.
Ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ паддзах Соломонмӕ ӕрӕмбырд сты Халагъудты бӕрӕгбоны рӕстӕг. Уый уыди етанимы мӕй, ӕвдӕм мӕй.
Соломон Дунедарӕджы раз куывд скодта. Ӕгас Израил, Лево-Хаматӕй суанг Мысыры арӕны раз цы цӕугӕдон калд, уый онг чи царди, уыдон иууылдӕр — тынг бирӕ дзыллӕ — ӕрӕмбырд сты уыцы куывдмӕ ӕмӕ фӕминас кодтой иннабонӕй иннабонмӕ.
Ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ скодтой Халагъудты бӕрӕгбон ӕмӕ, цас ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ ӕрвылбон дӕр хастой бӕрӕгбӕрц иууылсудзинӕгтӕ.
ӕмӕ, Дунедарӕг Моисейӕн уылты цы ’Гъдау радта, уым фыстӕй ссардтой, ӕвдӕм мӕй израилӕгтӕн бӕрӕгбон кӕй у ӕмӕ уыцы рӕстӕг халагъудты кӕй хъуамӕ цӕрой, уый.
Бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон — уӕ хуымты цы хор байтыдтат, уымӕн йӕ фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон. Ноджы ма афӕдзы кӕрон бӕрӕг кӕнут Тыллӕгӕфснайӕн дӕр.
Бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон дӕр — уӕ хуымты цы мӕнӕу байтыдтат, уымӕн йӕ фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон. Афӕдзы кӕрон бӕрӕг кӕнут Тыллӕгӕфснайӕн.
Ӕвдӕм мӕйы фынддӕсӕм бонӕй фӕстӕмӕ дӕр, бӕрӕгбоны заман, авд боны дӕргъы хӕссӕд уыдӕттӕ: ахӕм тӕригъӕды нывонд, стӕй ахӕм иууылсудзинаг, уый бӕрц хойраджы хуын ӕмӕ уый бӕрц оливӕйы сой».
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Израилӕгтӕн фехъусын кӕн:
Авд боны дӕргъы-иу халагъудты цӕрут. Израилы алы бынӕттон цӕрӕг дӕр уыцы бонты цӕрӕд халагъуды,
цӕмӕй фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ зоной, Ӕз израилӕгты Мысыры зӕххӕй куы ракодтон, уӕд сӕ халагъудты кӕй ӕрцӕрын кодтон, уый. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».
Ӕвдӕм мӕйы фынддӕсӕм бон уын уӕд уазӕмбырд, мацы-иу бакусут. Дунедарӕджы бӕрӕгбон авд боны дӕргъы бӕрӕг кӕнут
Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.
Ӕрхӕстӕг ис иудейаг бӕрӕгбон — Халагъудты бӕрӕгбон.
Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!
Бафӕдзӕхста сын Моисей: «Авд азы фӕстӕ, хатыр кӕныны аз, Халагъудты бӕрӕгбоны,
Ацы лӕгтӕ иууылдӕр мӕрдтӕм бацыдысты уырнгӕйӕ, кӕд, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райстой, уӕддӕр. Ӕрмӕст ӕй дардмӕ федтой ӕмӕ йыл цин кодтой. Уыдон ыл басастысты ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ.
Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам, зӕрдӕ йын кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы зӕххыл ӕрбынат кодта ӕмӕ, ӕндӕрбӕстаг куыд вӕййы, афтӕ цатырты цардис Исаак ӕмӕ Йаковимӕ — уыдонӕн дӕр уыцы зӕххӕй зӕрдӕ бавӕрдӕуыд.