30 Уыцы бон исты чи бакуса, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Сунӕтгонд цы нӕлгоймаг не ’рцӕуа, уый та йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ фехӕлдта Мӕ фидыд».
Ӕгас бӕстӕйы кулдуӕртты раз сагойӕ дымгӕмӕ ныддардтон Мӕ адӕмы, бындар сын нал ныууагътон! Мӕ фӕндонӕй сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ уадзынц сӕ фӕндӕгтӕ.
Пехуымпар сайды куы фӕуа, ӕмӕ йын цыма Ӕз, Дунедарӕг, афтӕ бацамыдтон, уыйау уыцы адӕймагӕн исты куы зӕгъа, уӕд пехуымпармӕ дӕр Мӕ къух сисдзынӕн, Мӕ адӕмы, Израилы ’хсӕнӕй йӕ фесафдзынӕн.
Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном.
Уыцы бон ком чи нӕ дара, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Мацы-иу бакусут. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым.
Додой уӕ къона, фурды был цӕрджытӕ, критӕгтӕ! О Ханаан, филистимӕгты зӕхх! Дунедарӕг дын рахаста тӕрхон: «Фесафдзынӕн дӕ, иунӕг цӕрӕг дыл нал баззайдзӕн!
Хуыцауы хӕдзар чи фӕчъизи кӕна, уый Хуыцау бафхӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар сыгъдӕг у, ӕмӕ уыцы хӕдзар сымах стут.