28 Мацы-иу бакусут уыцы бон, уымӕн ӕмӕ уый у Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уыцы бон сӕххӕст вӕййы уӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.
Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.
Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.
Уыцы бон ӕххӕстгонд цӕудзӕн уӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ Дунедарӕджы раз ссыгъдӕг уыдзыстут уӕ алы тӕригъӕдӕй.
ӕмӕ-иу сӕххӕст кӕнӕд Рухсмонуат, Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.
Уый уын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд: афӕдз иу хатт ӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн израилӕгты сӕ алы тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау». Аарон бакодта, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
«Ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон уыдзӕни Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон, ӕмӕ-иу уазӕмбырд скӕнут: ком дарут ӕмӕ-иу Дунедарӕгӕн арты нывӕндтӕ ӕрхӕссут.
Мӕнӕ ис, Йешуайы раз цы дур сӕвӕрдтон, уый. Ис ыл авд цӕсты. Ӕз ыл, цы фыстытӕ хъӕуы, уыдон скӕрддзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ ацы зӕххы тӕригъӕд иу бонмӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн.
Йесо Чырысти сӕххӕст кодта Хуыцауы фӕндон, ӕмӕ Йын Йӕ буар нывондӕн кӕй ӕрхастӕуыд, уый фӕрцы мах ссыгъдӕг стӕм мыггагмӕ.
Уымӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр скодта ӕнаипп.
Иу хатт ӕмӕ ӕнусмӕ Чырысти бацыди Рухсмонуатмӕ — нывондаг сӕгътӕ ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.
Афтӕ куы уыдаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Фӕлӕ Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.
Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы. Хуыцау нӕ Йӕхӕдӕг бауарзта ӕмӕ Йӕ Фырты нӕ тӕригъӕдты тыххӕй рарвыста фидауынгӕнӕг нывондӕн.
Уый у, дон ӕмӕ тугимӕ Чи ӕрцыд, уыцы Йесо Чырысти. Ӕрцыд ӕрмӕст донимӕ нӕ, фӕлӕ дон ӕмӕ тугимӕ. Ӕмӕ Сыгъдӕг Уд ӕвдисӕн лӕууы Уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Уд у ӕцӕгад.