27 «Ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон уыдзӕни Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон, ӕмӕ-иу уазӕмбырд скӕнут: ком дарут ӕмӕ-иу Дунедарӕгӕн арты нывӕндтӕ ӕрхӕссут.
Уыйадыл уым, Ахавайы цӕугӕдоны был, ӕз комдарӕн расидтӕн, нӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс кӕй стӕм, уый равдисынӕн ӕмӕ Йӕм скуывтон, цӕмӕй нӕ ӕд исбон рӕствӕндаг фӕкӕна нӕ цотимӕ.
Фӕкалдысты фыдгӕнджытӕ: афӕлдӕхтой сӕ — нал сын бантысдзӕни сыстын.
Аарон ӕрвылаз ӕххӕст кӕнӕд нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау — йӕ сыкъатӕ-иу ын ссыгъдӕг кӕныны охыл сахорӕд тӕригъӕды нывонды тугӕй. Уыцы ӕгъдау ӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн ӕрвылаз, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Нывондхӕссӕн Дунедарӕджы раз у иууылсыгъдӕг».
Ау, ӕмӕ Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый ахӕм у, адӕймаг йӕхи сӕрныллӕг куы фӕкӕны, уӕд? Хъамылау сӕркъулӕй цӕуын, сӕхъисыл кӕнӕ фӕнычы хуыссын — гъе уый хонут комдарӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон чи у, ахӕм бон?
Йӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывонд ӕрхӕссынӕн Аарон ӕрбакӕнӕд гал ӕмӕ сӕххӕст кӕнӕд йӕхи, стӕй йӕ хӕдзаронты тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау. Галы куы аргӕвда,
Уый фӕстӕ Аарон адӕмы тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй аргӕвдӕд цӕуы. Йӕ туг ын мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд ӕмӕ, галы тугӕй куыд бапырх кодта, афтӕ уымӕй дӕр бапырх кӕнӕд Фидыды Чырыны сӕр ӕмӕ йӕ разы зӕхх.
Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд, израилӕгтӕ сӕ фыдракӕндтӕй ӕмӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтӕй цы Уаз Цӕрӕн фӕчъизи кодтой, уый ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Афтӕ-иу бакӕнӕд Фембӕлды Цатырӕн дӕр — Израилы адӕмӕн сӕ астӕу чи ис ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕй кӕй фӕчъизи кодтой, уымӕн.
Стӕй-иу йӕхи Уаз бынаты цынайӕд, скӕнӕд йе ’рвылбоны дарӕс, ӕддӕмӕ рацӕуӕд ӕмӕ ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывӕндтӕ: иу — йӕхи тыххӕй, иннӕ та — адӕмы тыххӕй. Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд йӕхи тӕригъӕдтӕ, стӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.
Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста:
Мацы-иу бакусут уыцы бон, уымӕн ӕмӕ уый у Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уыцы бон сӕххӕст вӕййы уӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.
уӕд ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон, Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон, уӕ бӕстӕйы сыкъауадындзтӕй уасут
Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.
Уӕдмӕ рацыди бирӕ рӕстӕг, ком дарыны афон дӕр аивгъуыдта, ӕмӕ науы цӕуын сси тӕссаг. Уымӕ гӕсгӕ Павел дзырдта:
Хъыг кӕнут, кӕут ӕмӕ дзыназут. Уӕ худын раивут кӕуынӕй, уӕ цин — хъыгӕй.