Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 23:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Сауджын-иу дыууӕ фыргуисты Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд хоры сӕртӕй конд дзултимӕ. Уыдон уыдзысты Дунедарӕджы уаз хай, сауджыны хай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 23:20
12 Iomraidhean Croise  

Иууылдӕр сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты къухтӕм ратт ӕмӕ сын сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисын кӕн, нывонд Ын кӕй сты, уый охыл.


Кӕмдӕриддӕр цӕрат — хӕрдмӕ сисынӕн-иу ӕрбахӕссут дыууӕ дзулы. Хъуамӕ конд уой ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй — ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайӕ, ӕнхъызт хыссӕйӕ — уӕ хоры сӕрӕй Дунедарӕгӕн хуын.


Ноджы ма-иу тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссут цӕу, дыууӕ фыргуисты та — фидыды нывондӕн.


Тӕккӕ уыцы бон-иу уазӕмбырд скӕнут, мацы-иу бакусут. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Моисей райста фыры кӕразимаг ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ систа. Уый уыди Моисейы хай, сауджынлӕггадӕн ӕй снывонд кӕнынӕн цы нывонд ӕрхастӕуыди, уымӕй, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


«Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!»


Ӕмӕ кӕд мах уӕ зӕрдӕты Сыгъдӕг Уды мыггаг байтыдтам, уӕд зӕххон тыллӕгӕй фӕхайджын уӕвыныл дӕр нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд уый, ау, ӕгӕр уыдзӕни?


Чырысти у нӕ фидауынгӕнӕг. Уый дзуттӕгтӕй ӕмӕ муртаттӕгтӕй скодта иу адӕм — фехӕлдта, се ’хсӕн цы фыдӕхы гӕрӕн уыди, уый,


Хор, сӕн, сой ӕмӕ къуымбилы сӕртӕ дӕр уыдонӕн дӕтгӕ сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan