Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 23:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 кӕй уын дӕттын, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уым уӕ хуымтӕ куы ӕркӕрдат, уӕд-иу уӕ хоры фыццаг куырис ӕрбахӕссут сауджынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 23:10
22 Iomraidhean Croise  

Дӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ Мын дӕ сӕны хуыздӕр хӕссынмӕ фӕстиат ма кӕн. Уӕ фырттӕй хистӕр зӕнӕг чи уа, уый дӕттут Мӕнӕн.


Бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон — уӕ хуымты цы хор байтыдтат, уымӕн йӕ фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон. Ноджы ма афӕдзы кӕрон бӕрӕг кӕнут Тыллӕгӕфснайӕн дӕр.


Дӕ хуымы хоры сӕртӕ-иу ӕрбахӕсс дӕ Хуыцауы — Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц.


Бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон дӕр — уӕ хуымты цы мӕнӕу байтыдтат, уымӕн йӕ фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон. Афӕдзы кӕрон бӕрӕг кӕнут Тыллӕгӕфснайӕн.


Дӕ хуымы хоры сӕртӕ хӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц».


Уӕ фыццаг дыргъты хуыздӕртӕ ӕмӕ уӕ алы хуынтӕ, цавӕрфӕнды уой, уӕддӕр, сты сауджынты хай. Уӕ хоры сӕрты ссадӕй цы сфыцат, уый дӕр-иу раттут сауджынӕн, ӕмӕ арфӕгонд уыдзысты уӕ хӕдзӕрттӕ.


«Сымах, кӕй уын дӕттын, уыцы Ханааны зӕхмӕ куы бацӕуат, ӕмӕ уыцы ран Ӕз искӕцы хӕдзарыл хъуына куы бафтауон,


Уый-иу уыцы куырис Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд, цӕмӕй Дунедарӕджы зӕрдӕ балхӕна. Сабаты фӕстӕ-иу ӕй дыккаг бон сисӕд.


Кӕмдӕриддӕр цӕрат — хӕрдмӕ сисынӕн-иу ӕрбахӕссут дыууӕ дзулы. Хъуамӕ конд уой ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй — ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайӕ, ӕнхъызт хыссӕйӕ — уӕ хоры сӕрӕй Дунедарӕгӕн хуын.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фехъусын кӕн израилӕгтӕн, зӕгъ сын:


«Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: кӕм цӕрдзыстут, уыцы бӕстӕм куы бацӕуат, Ӕз уын кӕй дӕттын, уыцы бӕстӕм


Хоры сӕрты бӕрӕгбоны, Дунедарӕгӕн ног хуымилиаг куы хӕссат Къуыриты бӕрӕгбоны, уӕд дӕр-иу уазӕмбырд скӕнут; мацы-иу бакусут.


Кӕд хоры сӕрӕн йӕ фыццаг дзул Хуыцауы у, уӕд дзултӕ иууылдӕр Хуыцауы сты. Кӕд уидаг Хуыцауы у, уӕд къалиутӕ дӕр Хуыцауы сты.


Къуыриты бӕрӕгбоны райдианӕй авд къуырийы анымай


Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард — ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хоры сӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн.


Хуымгӕрдӕнты заман куыд вӕййы, афтӕ та ныр дӕр Иордан ивылд уыдис, йӕ былтӕй ӕнхъӕвзта. Фӕлӕ йӕм, Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ куыддӕр бахӕццӕ сты ӕмӕ доны балӕгӕрстой,


Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывонд чындӕуыд хоры сӕрау.


Афтӕ Наоми йӕ чындзимӕ, моаваг Руфимӕ, ӕрбаздӕхти Моавы бӕстӕй. Вифлееммӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уыди хъӕбӕрхор кӕрдыны афон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan