8 Аароны байзӕддӕгтӕй хӕдмӕл фыд кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм цӕрӕгойы фыд мачи бахӕрӕд — фӕчъизи уыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Афтӕ — уе стуртӕ ӕмӕ лыстӕг фосы зӕйц дӕр: авд боны-иу фӕуӕнт сӕ мадӕлты раз фыццаг нӕл род ӕмӕ фыццаг нӕл уӕрыкк, ӕстӕм бон сӕ Мӕнӕн ратт.
Сымах Мын хъуамӕ сыгъдӕг адӕм уат, ӕмӕ, сырд кӕй аргӕвда, ахӕм фосы фыд макуы бахӕрут, куыйтӕн-иу ӕй аппарут.
Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз мӕхи никуыма фӕчъизи кодтон. Нӕдӕр холы, нӕдӕр, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм дзидза никуы бахордтон ме ’взонгӕй нырмӕ. Ницы чъизи фыд схастон мӕ дзыхмӕ».
Мацы хӕдмӕлы фыд-иу бахӕрӕд сауджын, мадӕр, сырд кӕй аргӕвста, маргъ уа ӕви фос, уый фыд.
Хӕдмӕл фосы кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттоной, уымӕн йӕ фыд чидӕриддӕр бахӕра — израилаг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг — йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, уый фӕстӕ ссыгъдӕг уыдзӕн.
Хӕдмӕл фосы нӕрдтӕй, стӕй, сырдтӕ кӕй ныттоной, уыцы фосӕн сӕ нӕрдтӕй пайдагӕнӕн ис, фӕлӕ дзы хӕрӕн нӕй.
Хӕдмӕл дзидза ма хӕрут. Уӕ сахары чи ӕрцард, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн-иу ӕй раттут, уыдон ӕй хӕрӕнт, науӕд-иу ӕй ауӕй кӕнут ӕцӕгӕлӕттӕн, уымӕн ӕмӕ сымах уаз адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн. Ма фыц сӕныччы мард йӕ мады ӕхсыры.