Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 22:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Аароны байзӕддӕгтӕй хъотырӕй рынчын чи уа кӕнӕ йӕ цъӕй кӕмӕн миза, уый кувинӕгтӕй ма хӕрӕд, цалынмӕ ссыгъдӕг уа, уӕдмӕ. Мардыл бандзӕвынӕй цы дзаума фӕчъизи ис, ууыл чи бандзӕва, йӕ мыг йӕхи ’гъдауӕй кӕмӕн акӕла,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 22:4
18 Iomraidhean Croise  

Хӕрын уын цы цӕрӕгойы фыд ӕмбӕлы, ахӕм ныххӕдмӕл ис, зӕгъгӕ, уӕд, чи йыл бандзӕва, уый ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн изӕрмӕ.


Йӕ мыг цыфӕнды хъуымацыл кӕнӕ сӕрак дзаумайыл куы аззайа, уӕд ӕй хъӕудзӕн доны ныхсын. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Цы ма дзы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылсыгъдӕг, Дунедарӕджы хуынтӕй ист.


Хойраджы хуынӕй ма цы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылуаз, Дунедарӕджы хуынтӕй ист.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фехъусын кӕн сауджынтӕн — Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн: сауджын йӕхи йӕ хӕстӕджы мардмӕ баввахс кӕнынӕй ма фӕчъизи кӕнӕд,


Йӕ Хуыцауы номыл хаст хойрагӕй, иууылуаз ӕмӕ йын уаз хуынтӕй хӕрыны бар ис.


Уӕд та сӕ Аггей бафарста: «Мардыл бандзӕвынӕй чи фӕчъизи ис, ахӕм адӕймаг уыдонӕй истӕуыл куы андзӕва, уӕд хӕринаг фӕчъизи уыдзӕн?» Сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «О, фӕчъизи уыдзӕн».


Израилӕгтӕ цы уаз хуынтӕ хӕссынц Дунедарӕгӕн, уыдон иууылдӕр Ӕз дӕттын дӕуӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕн, ӕмӕ мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй уӕ хай сты. Уый у Дунедарӕджы раз демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ арӕзт мыггагмӕйы фидыд, цӕххы фидыдау — ӕнусон».


Дӕу у иууылсыгъдӕг дӕр — Мӕнӕн цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдоны иу хай. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты у, израилӕгтӕ Мын хойраджы хуынӕй, тӕригъӕды нывондӕй, фиддоны нывондӕй кӕй хӕссынц, уыдоны иу хай — иууылуаз.


Чи фӕчъизи ис, уый йӕхи куынӕ ссыгъдӕг кӕна, уӕд та дзыллӕйӕ фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕн чъизи кӕны: сыгъдӕггӕнӕн донӕй йыл нӕ бапырх кодтой, ӕмӕ чъизи у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan