33 Ӕз уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау. Ӕз Дунедарӕг дӕн».
«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.
Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.
уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн ӕмӕ уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау. Уӕдӕ ут сыгъдӕг, Ӕз сыгъдӕг куыд дӕн, афтӕ».
Уӕ тӕраз, уӕ барӕн дуртӕ, уӕ барӕн ефӕ ӕмӕ уӕ барӕн гин раст барӕнт. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый.
Мӕ уаз ном Мын ма фегад кӕнут, уазыл Мӕ нымайӕнт израилӕгтӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.
Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста,
Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый, цӕмӕй уын раттон Ханааны зӕхх ӕмӕ уон уӕ Хуыцау.
Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй уӕ Хуыцау уа, уый тыххӕй уӕ Мысырӕй Чи ракодта, Уый. Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау».