32 Мӕ уаз ном Мын ма фегад кӕнут, уазыл Мӕ нымайӕнт израилӕгтӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг сбӕрзонд уыдзӕн Йӕ раст тӕрхонӕй, Уаз Хуыцау Йӕ рӕстадӕй равдисдзӕни, уаз кӕй у, уый.
Кад кӕнут Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, Уымӕй тӕрсут, Уымӕй стъӕлфут!
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
Дӕ цотӕй Молохӕн макӕй снывонд кӕн, ма фегад кӕн дӕ Хуыцауы ном. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.
Науӕд йӕ байзӕддӕгты йӕ мыггаджы ’хсӕн фӕчъизи кӕндзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы у, Уый».
Сауджыны уазыл нымай, уымӕн ӕмӕ уый хӕссы хойраг дӕ Хуыцауӕн. Сауджынмӕ уазы цӕстӕй кӕс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.
Ма дзы хӕрӕнт, ма бацӕуӕнт тӕригъӕды, науӕд сӕ азым фидинаг фӕуыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый».
«Фехъусын кӕн Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн: израилӕгтӕ Хуыцауӕн цы кувинӕгтӕ ’рбахӕссынц, уыдонимӕ арӕхстгай архайут, Мӕ уаз ном Мын ма фегад кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Ӕз уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау. Ӕз Дунедарӕг дӕн».
Кувгӕ та кӕнут афтӕ: Нӕ Уӕларвон Фыд! Кадджын уӕд Дӕ ном!
Йесо сын загъта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд! Кадджын уӕд Дӕ ном! Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад. Уӕлӕрвты куыд у, афтӕ зӕххыл дӕр сӕххӕст уӕд Дӕ фӕндон.
Срухс сӕ кӕн Дӕ ӕцӕгадӕй — Дӕ ныхас у ӕцӕгад.
Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕрцы Хуыцауыл фӕдзӕхст чи у ӕмӕ Хуыцау Йӕ сыгъдӕджытӕ суӕвынмӕ кӕмӕ фӕсидти, уыдонмӕ; стӕй, алы ран дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ном чи ары, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.