29 Дунедарӕгӕн арфӕйы нывонд куы хӕссат, уӕд ӕй ӕрхӕссут афтӕ, цӕмӕй барст уа.
Израил, раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфыс.
Бахӕрын ӕй хъӕуы тӕккӕ уыцы бон, райсоммӕ дзы мацы ныууадзут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Мӕнӕ Дунедарӕгӕн фидыды нывонд хӕссыны ӕгъдау.
Мӕ разы-иу Мын, ӕнхъизӕн кӕуыл ис, ахӕм арфӕйы нывонд ссудзут! Барвӕндӕй хаст нывӕндты кой-иу хъӕрдӕрӕй фехъусын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ уарзут, израилӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Цӕй уӕдӕ Йесойы фӕрцы иудадзыг ӕппӕлӕм Хуыцауӕй — уадз ӕмӕ Йын уый уа нӕ нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йӕ ном.
Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.