Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 22:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Ӕцӕгӕлӕттӕй дӕр ма райсут ахӕм фос уӕ Хуыцауӕн нывондӕн ӕрхӕссынӕн. Сахъат кӕй сты ӕмӕ сӕм аиппытӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ барст нӕ уыдзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 22:25
12 Iomraidhean Croise  

Мӕ Кувӕндонмӕ Мын мауал кӕнут ӕцӕгӕлӕтты, буарӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ӕнӕсунӕт чи у, уыдоны, ӕмӕ Мын мауал ӕгад кӕной Мӕ Кувӕндон. Фиу ӕмӕ Мын туг, Мӕ хойраг, нывондӕн куы хастат, уӕд адон уӕ цуры уыдысты, ӕмӕ-иу афтӕмӕй уӕ алы ӕлгъӕгтӕй фехӕлдтат, Ӕз уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый.


Уаз уӕнт сӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕссынц нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, хойраг — сӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ хъуамӕ уой уаз.


Сауджыны уазыл нымай, уымӕн ӕмӕ уый хӕссы хойраг дӕ Хуыцауӕн. Сауджынмӕ уазы цӕстӕй кӕс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. Уыцы ӕмбӕрзӕны нысан — израилӕгтӕ сӕ зӕрдыл куыд дарой: Аароны байзӕддӕгты йеддӕмӕ Дунедарӕджы раз буд судзынмӕ чи бацӕуа, ууыл Корах ӕмӕ йӕ хъузӕтты бон акӕндзӕн.


Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй.


Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не ’ххӕссы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan