24 Йӕ хъӕппытӕ цъӕл, пырх, тынд кӕмӕн сты кӕнӕ ӕрдызт чи у, ахӕм фос-иу Дунедарӕгӕн нывондӕн ма хӕссут. Ахӕм ми ма бакӕнут уӕ зӕххыл.
нӕдӕр къуыпсин, нӕдӕр дӕлӕмӕдзыд, нӕдӕр урсцӕст, нӕдӕр хӕлмагджын, нӕдӕр уыдырнджын, нӕдӕр дзӕдӕл.
Сахъат фос нывондӕн ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ барст нӕ уыдзӕн.
Стур кӕнӕ фысӕн йӕ къӕхтӕ ӕгӕр даргъ кӕнӕ ӕгӕр цыбыр куы уой, уӕд ӕй ис ӕрхӕссӕн бархийы нывондӕн. Сомыйы нывондӕн ӕй нӕй ӕрхӕссӕн, уымӕн ӕмӕ барст нӕ уыдзӕн.
Йӕ мӕхстӕттӕ хъыгдард кӕмӕн сты кӕнӕ йе ’рдон буар кӕмӕн ралыг чындӕуыд, уыцы нӕлгоймагӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн нӕй.