20 Сахъат фос нывондӕн ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ барст нӕ уыдзӕн.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Фыццаг мӕйы фыццаг бон галты рӕгъауӕй райс иу ӕнӕсахъат гал ӕмӕ Кувӕндон ссыгъдӕг кӕн.
Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.
Йӕ хъӕппытӕ цъӕл, пырх, тынд кӕмӕн сты кӕнӕ ӕрдызт чи у, ахӕм фос-иу Дунедарӕгӕн нывондӕн ма хӕссут. Ахӕм ми ма бакӕнут уӕ зӕххыл.
Ӕцӕгӕлӕттӕй дӕр ма райсут ахӕм фос уӕ Хуыцауӕн нывондӕн ӕрхӕссынӕн. Сахъат кӕй сты ӕмӕ сӕм аиппытӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ барст нӕ уыдзысты».
Исчи фидыды нывонд стурвосӕй куы хӕсса, гал кӕнӕ хъуг, уӕд Дунедарӕджы размӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат кусӕрттаг.
Дунедарӕгӕн фидыды нывонд чи хӕсса лыстӕг фосӕй — мадӕл кӕнӕ нӕл, уый-иу ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат кусӕрттаг.
Науӕд нывондӕн куырм, къуылых кӕнӕ рынчын фосы кӕй ӕрбахӕссут, уый уӕм хорз кӕсы? Де ’лдары размӕ-ма сӕ бахӕсс, цымӕ дӕ разыйӕ баззайдзӕн ӕмӕ дӕм хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
«Мӕнӕ, Дунедарӕг цы уагӕвӕрд радта, уый: зӕгъ израилӕгтӕн, цӕмӕй дӕм ӕрбакӕной, ӕфсондз кӕуыл нӕ уыд, ахӕм ӕнӕсахъат ӕмӕ ӕнаипп бур дыгӕрдыг.
Иууылсудзинаг нывонд-иу ӕрхӕссут Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.
Фос къуылых, куырм кӕнӕ ӕндӕр исты сахъат у, зӕгъгӕ, уӕд ӕй Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондӕн ма ӕрхӕсс.
Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, сахъат стуртӕ кӕнӕ фысвосӕй нывонд ма хӕсс — ӕлгъаг ми у уый Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы цӕсты.
уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.
фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы — Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.