Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 22:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Фехъусын кӕн Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн: израилӕгтӕ Хуыцауӕн цы кувинӕгтӕ ’рбахӕссынц, уыдонимӕ арӕхстгай архайут, Мӕ уаз ном Мын ма фегад кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 22:2
16 Iomraidhean Croise  

Загътон сын: сымах — Дунедарӕджы нывонд, мигӕнӕнтӕ — Йӕ мысайнӕгтӕ; ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин — бархи лӕвӕрттӕ Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн.


уӕд уӕ фыццаг зӕнӕг кӕддӕриддӕр у Дунедарӕджы. Уӕ фосы фыццаг зӕйц, сӕ нӕлтӕ, Дунедарӕджы сты.


Аароны ныхыл. Аарон дзуапп дӕтты, израилӕгтӕ, сӕ уаз хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ, цы рӕдыдтытӕ ӕруадзынц, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй, ӕмӕ сын-иу Дунедарӕг цӕмӕй сӕ куывд айса, уый тыххӕй уыцы сыгъзӕрин уадздзаг ӕдзухдӕр хъуамӕ Аароны ныхыл уа.


Цӕугӕут, цӕугӕут! Рацӕут уырдыгӕй! Уӕхи хизут, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл бандзӕвынӕй! Ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ мигӕнӕнтӕ сымах хӕсдзыстут!


Мӕ Кувӕндоны Мын уазлӕггад нӕ кодтат, уӕхи бӕсты-иу дзы ӕндӕрбӕстӕгты лӕггадгӕнджытӕй сӕвӕрдтат.


Израилӕгты-иу, ӕнӕсыгъдӕг цы у, уыдӕттӕй бахизут, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ афтӕмӕй, се ’хсӕн Мын цы цӕрӕн ис, уый дӕр ма фӕчъизи уа, науӕд амӕлдзысты.


Дӕ цотӕй Молохӕн макӕй снывонд кӕн, ма фегад кӕн дӕ Хуыцауы ном. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Мӕ номӕй мӕнг сомытӕ ма кӕнут, науӕд уӕ Хуыцауы ном фегад кӕндзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном.


Уаз уӕнт сӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕссынц нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, хойраг — сӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ хъуамӕ уой уаз.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Мӕ уаз ном Мын ма фегад кӕнут, уазыл Мӕ нымайӕнт израилӕгтӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.


азымджын нӕ уыдзыстут: дӕсӕймаг хайӕн йӕ хуыздӕр хай кӕй рахицӕн кодтат, уымӕ гӕсгӕ израилӕгты уаз хуынтӕ нӕ фӕчъизи кӕндзыстут ӕмӕ мӕлӕты амӕттаг нӕ бауыдзыстут».


Де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосӕн сӕ фыццаг цӕуӕт кӕддӕриддӕр нывонд кӕн Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн. Фыццаг гайлаг кусынӕн нӕу, фыццаг фыры ӕлвынӕн нӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan