Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 22:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Сауджынтӕ дӕр-иу, израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн цы уаз хуынтӕ ӕрбахӕссынц, уыдон ма фӕчъизи кӕнӕнт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 22:15
6 Iomraidhean Croise  

Уыцы хӕлӕфтӕ уӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл, Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ, Уаз Цӕрӕны уаз куыст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕнмӕ куы баввахс вӕййынц, уӕд, цӕмӕй азымджын ма фӕуой ӕмӕ ма амӕлой. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн.


Йӕ сауджынтӕ Мын халынц Ме ’Гъдау, фӕчъизи Мын кӕнынц Мӕ уаз ӕгъдӕуттӕ, уаз цы у, уый нӕ иртасынц, уаз цы нӕу, уымӕй; сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый нӕ амонынц, ӕлгъ кӕнынц Мӕ сабаты уагӕвӕрдтыл, нӕ Мӕ нымайынц.


Чи дзы бахӕра, уый уыдзӕнис азымджын, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы уаз хай фӕчъизи кодта; йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Ма дзы хӕрӕнт, ма бацӕуӕнт тӕригъӕды, науӕд сӕ азым фидинаг фӕуыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый».


Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнӕнт, цӕмӕй тӕригъӕды ма бацӕуой ӕмӕ ма амӕлой, сӕхи сыл кӕй атигъ кодтой, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый.


азымджын нӕ уыдзыстут: дӕсӕймаг хайӕн йӕ хуыздӕр хай кӕй рахицӕн кодтат, уымӕ гӕсгӕ израилӕгты уаз хуынтӕ нӕ фӕчъизи кӕндзыстут ӕмӕ мӕлӕты амӕттаг нӕ бауыдзыстут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan