Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 22:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Фӕлӕ идӕдзӕй куы баззайа кӕнӕ йӕ лӕгӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ, цот ын нӕ рацыди, афтӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ цӕгатмӕ куы раздӕха, уӕд ын йӕ фыды хойрагӕй хӕрыны бар уыдзӕн. Ӕддагӕттӕй дзы мачи фӕхъӕстӕ уӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 22:13
11 Iomraidhean Croise  

Уӕд Иудӕ йӕ чындз Тамарӕн бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ мӕ фырт Шела байрӕза, уӕдмӕ уал идӕдзӕй ацӕр дӕ цӕгаты». Йӕхинымӕр та загъта: «Кӕннод мын йе ’фсымӕртау ай дӕр куы амӕла». Уыйадыл Тамар йӕ цӕгатмӕ аздӕхтис.


Иудейы бӕстыхицау сын загъта: «Цалынмӕ сауджын сымах тыххӕй Хуыцаумӕ урим ӕмӕ туммимимӕ скува, уӕдмӕ уын сыгъдӕг нывӕндтӕй хӕрӕн нӕй».


Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Мӕнӕ уын Куадзӕны ӕгъдау. Ӕндӕрбӕстӕгтӕн дзы аходын не ’мбӕлы.


Хъуамӕ сӕхӕдӕг бахӕрой, ссыгъдӕг кӕнын, сауджын скӕнын ӕмӕ срухс кӕныны тыххӕй сын цы нывӕндтӕ ӕрхастӕуыди, уыдон. Ӕддагон дзы ма саходӕд — уаз у.


Мӕ Кувӕндоны Мын уазлӕггад нӕ кодтат, уӕхи бӕсты-иу дзы ӕндӕрбӕстӕгты лӕггадгӕнджытӕй сӕвӕрдтат.


Хӕрдмӕисгӕ кӕразимаг ӕмӕ хуыны сгуы та бахӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгты фидыды нывӕндтӕй дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты хай сты.


Ӕддагон ма бахӕрӕд кувинӕгтӕй: нӕдӕр сауджынӕн йӕ уазӕг, нӕдӕр йе ’ххуырст.


Сауджыны чызг, сауджынты мыггагӕй чи нӕу, ахӕммӕ куы смой кӕна, уӕд ын кувинӕгтӕй хӕрыны бар нӕ уыдзӕн.


Дӕ хӕдзарӕй куы ацӕуа ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой скӕна,


Уыцы бон уым, Дунедарӕджы хӕдзары, уыди Саулы дӕлдӕртӕй иу, йӕ фыййӕутты хицау, едомаг, йӕ ном — Доег.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan