11 Фӕлӕ, сауджын ӕлхӕнгӕ кӕй бакӕна, уымӕн йӕ бон у кувинӕгтӕй хӕрын. Сауджыны хойрагӕй хӕрын ӕмбӕлы, йӕ хӕдзары чи райгуыра, уыцы цагъарӕн дӕр.
Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, стӕй йемӕ райста, Хараны сӕм цы мулк ӕрӕмбырд, уый. Йемӕ ма ракодта, цы цагъартӕ йӕм уыд, уыдоны дӕр ӕмӕ семӕ араст ис Ханааны зӕхмӕ; кӕддӕр-кӕддӕр ӕм бахӕццӕ сты.
Хъуамӕ ӕнӕмӕнг сунӕтгонд уа, дӕ хӕдзары чи райгуырди, уый дӕр ӕмӕ де ’лхӕд дӕр. Ӕмӕ Мӕ фидыд — йӕ нысан уӕ буарыл — уыдзӕни мыггагмӕйы фидыд.
Хӕрӕн дзы ис, ӕвзистӕй ӕлхӕд чи ӕрцӕуа ӕмӕ сунӕт кӕмӕн скӕнат, уыцы цагъарӕн.
Йӕ Хуыцауы номыл хаст хойрагӕй, иууылуаз ӕмӕ йын уаз хуынтӕй хӕрыны бар ис.
Сауджыны чызг, сауджынты мыггагӕй чи нӕу, ахӕммӕ куы смой кӕна, уӕд ын кувинӕгтӕй хӕрыны бар нӕ уыдзӕн.
Дӕу у иууылсыгъдӕг дӕр — Мӕнӕн цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдоны иу хай. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты у, израилӕгтӕ Мын хойраджы хуынӕй, тӕригъӕды нывондӕй, фиддоны нывондӕй кӕй хӕссынц, уыдоны иу хай — иууылуаз.