Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 21:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Сауджыны чызг хӕтынӕй куы фӕчъизи уа, уӕд йӕ фыды ӕгад кӕны, ӕмӕ йӕ арты басудзын хъӕуы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 21:9
16 Iomraidhean Croise  

Уымӕй иу-ӕртӕ мӕйы фӕстӕдӕр Иудӕмӕ чидӕр фӕхабар кодта: «Дӕ чындз Тамар хъахбай сыл разынди, суанг ма сывӕрджын дӕр баци». Иудӕ бафӕдзӕхста: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ арты басудзут».


Ӕххӕст кӕнут сабаты уагӕвӕрдтӕ — уый уаз у сымахӕн. Сабат чи фӕчъизи кӕна, уый мард ӕрцӕуӕд: сабаты чидӕриддӕр куса, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты, ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой: «Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн? Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын кӕй бон бауыдзӕн?»


Зӕронд лӕгӕй, лӕппуйӕ, чызгӕй, сабийӕ, сылгоймагӕй — се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдут, ӕрмӕст, нысан кӕуыл ис, уыдонӕй макӕмӕ бавналут. Райдайут мӕ Кувӕндонӕй». Ӕмӕ райдыдтой адӕмы хистӕртӕй, Кувӕндоны раз чи лӕууыди, уыдонӕй.


Ма фӕчъизи кӕн дӕ чызджы — хӕтыныл ӕй ма бафтау, науӕд зӕхх фӕчъизи уыдзӕн хъахбайдзинадӕй ӕмӕ байдзаг уыдзӕн ӕлгъаг мийӕ.


Исчи искӕцы сылгоймагӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ мады дӕр куы ракура, уӕд уый ӕнӕуаг ми у. Ӕртӕйӕ дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕнт, цӕмӕй уе ’хсӕн хъахбайдзинад ма уа.


Уӕ мыггагыл уын хъоды бакӕндзынӕн, уӕ цӕсгӕмттыл уын, нывондӕн кӕй хӕссут, уӕ уыцы фосы фаджыс фӕкалдзынӕн, ӕмӕ уӕ йемӕ аппардзысты.


уӕд та сахары цӕрджытӕ сылгоймаджы йӕ фыды хӕдзары дуармӕ дурты бын фӕкӕнӕнт: фӕхудинаг кодта Израилы, йӕ фыды хӕдзары хъахбай митӕ кодта. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


алчидӕр сӕ хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, йӕ сывӕллӕттӕ уой уырнджытӕ, хӕлд ӕмӕ ӕгоммӕгӕсы дау сӕм ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа.


Ӕлгъыстаг дзаума кӕмӕ разына, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ исбон дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕд, Дунедарӕджы бадзырды сӕрты кӕй ахызт ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн ӕлгъаг хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй».


Уым Йешуа загъта Аханӕн: «Ацы фыдбылыз ныл цӕмӕн бафтыдтай? Абон дын Дунедарӕг дӕхиуыл фыдбылыз ӕфтауы!» Ӕмӕ Израилы дзыллӕ уым Аханы дурты бын фӕкодтой. Уый фӕстӕ та — уырдӕм ма кӕй ӕрбакодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ басыгътой.


Ӕрыгон сауджынтӕ Дунедарӕджы раз цыдысты стыр тӕригъӕды, уымӕн ӕмӕ Йын афтӕмӕй Йӕ номыл хаст нывӕндтӕ ӕгад кодтой.


Мӕнӕ дын ӕвдисӕйнаг: дӕ фырттӕ дыууӕйӕ — Хофни ӕмӕ Пинхас — уыцы иу бон амӕлдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan