Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 21:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Сауджын ма ракурӕд хӕтаг, чи фӕчъизи ис кӕнӕ йӕ лӕгӕй чи ахицӕн ис, ахӕм сылгоймаджы, уымӕн ӕмӕ уаз у Хуыцауы раз.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 21:7
7 Iomraidhean Croise  

Уымӕй иу-ӕртӕ мӕйы фӕстӕдӕр Иудӕмӕ чидӕр фӕхабар кодта: «Дӕ чындз Тамар хъахбай сыл разынди, суанг ма сывӕрджын дӕр баци». Иудӕ бафӕдзӕхста: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ арты басудзут».


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.


Мадӕр сӕ идӕдз усы исчи ракурӕд, мадӕр, йӕ мойӕ чи рахицӕн, ахӕм сылгоймаджы. Ӕмбӕлы сын ӕрмӕст чызг ракурын Израилы адӕмы мыггӕгтӕй, науӕд та — сауджыны идӕдз усы.


Сауджыны уазыл нымай, уымӕн ӕмӕ уый хӕссы хойраг дӕ Хуыцауӕн. Сауджынмӕ уазы цӕстӕй кӕс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.


Афтӕ сӕ устытӕ дӕр: хъуамӕ уой кады аккаг, ма уой хахуыргӕнджытӕ, уой уӕззау зонды хицау ӕмӕ ӕууӕнкджын алы хъуыддаджы дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan