6 Уаз уӕнт сӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕссынц нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, хойраг — сӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ хъуамӕ уой уаз.
Загътон сын: сымах — Дунедарӕджы нывонд, мигӕнӕнтӕ — Йӕ мысайнӕгтӕ; ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин — бархи лӕвӕрттӕ Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн.
Сауджынтӕ цӕуинаг куы уой Дунедарӕгмӕ, уӕд-иу уыдон та сӕхи ссыгъдӕг кӕнӕнт, науӕд сӕ Дунедарӕг бабын кӕндзӕни».
Сараз уадздзаг сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл скъах: „Дунедарӕджы уаз хай“.
Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн скӕндзынӕн уаз, скӕндзынӕн уаз Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр, цӕмӕй уой Мӕ сауджынтӕ.
Цӕугӕут, цӕугӕут! Рацӕут уырдыгӕй! Уӕхи хизут, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл бандзӕвынӕй! Ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ мигӕнӕнтӕ сымах хӕсдзыстут!
Мӕ Кувӕндонмӕ Мын мауал кӕнут ӕцӕгӕлӕтты, буарӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ӕнӕсунӕт чи у, уыдоны, ӕмӕ Мын мауал ӕгад кӕной Мӕ Кувӕндон. Фиу ӕмӕ Мын туг, Мӕ хойраг, нывондӕн куы хастат, уӕд адон уӕ цуры уыдысты, ӕмӕ-иу афтӕмӕй уӕ алы ӕлгъӕгтӕй фехӕлдтат, Ӕз уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый.
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
Дӕ цотӕй Молохӕн макӕй снывонд кӕн, ма фегад кӕн дӕ Хуыцауы ном. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Мӕ номӕй мӕнг сомытӕ ма кӕнут, науӕд уӕ Хуыцауы ном фегад кӕндзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном.
«Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дӕ байзӕддӕгтӕй истӕмӕй сахъат чи уа, уый нывӕндтӕ ма хӕссӕд йӕ Хуыцауӕн.
Аароны байзӕддӕгтӕй истӕмӕй сахъат чи уа, уыдонӕй иуӕн дӕр Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссӕн нӕй. Сахъатӕн Дунедарӕджы нывондхӕссӕнмӕ хойраг хӕссын не ’мбӕлы.
Ӕрмӕст-иу ма бацӕуӕд ӕмбӕрзӕнмӕ, ма баввахс уӕд нывондхӕссӕнмӕ, уымӕн ӕмӕ сахъат у. Мӕ Уаз Цӕрӕн Мын ма фӕчъизи кӕнӕд. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый».
Сауджыны уазыл нымай, уымӕн ӕмӕ уый хӕссы хойраг дӕ Хуыцауӕн. Сауджынмӕ уазы цӕстӕй кӕс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.
Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уыдон арты хойраг сты — Дунедарӕгӕн хаст нывонд.
Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн загъта: «Райсом сӕумӕйӕ равдисдзӕн Дунедарӕг, Йӕхи чи у ӕмӕ сыгъдӕг чи у, стӕй Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуын кӕй уадзы, уый. Кӕй равзӕрста, уымӕн Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуыны бар ратдзӕн.
«Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Мын Мӕ хуын, Мӕ хуымилиаг, Мӕ иууылсудзинаг нывонд ӕхцон хӕрздӕфӕн йӕ афоныл хӕссой.
Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.