24 Моисей уыцы ныхӕстӕ фехъусын кодта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, стӕй ӕппӕт израилӕгтӕн.
Ӕрмӕст-иу ма бацӕуӕд ӕмбӕрзӕнмӕ, ма баввахс уӕд нывондхӕссӕнмӕ, уымӕн ӕмӕ сахъат у. Мӕ Уаз Цӕрӕн Мын ма фӕчъизи кӕнӕд. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый».
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Зӕгъут Архиппӕн: «Бардарӕг дын дӕ бӕрны цы куыст бакодта, ууыл у ӕнувыд — кӕронмӕ йӕ ахӕццӕ кӕн».
Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау.
Ӕмӕ, бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уый ды та фӕхӕццӕ кӕн, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис, иннӕты дӕр сахуыр кӕнынмӕ чи сарӕхсдзӕн, ахӕмтӕм.