17 «Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дӕ байзӕддӕгтӕй истӕмӕй сахъат чи уа, уый нывӕндтӕ ма хӕссӕд йӕ Хуыцауӕн.
Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ӕрзоныг кӕнӕнт Дӕ разы, зарӕнт Дӕ кадӕн, Дӕ номы кадӕн зарӕнт!»
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Ааронӕн зӕгъа:
Аароны байзӕддӕгтӕй истӕмӕй сахъат чи уа, уыдонӕй иуӕн дӕр Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссӕн нӕй. Сахъатӕн Дунедарӕджы нывондхӕссӕнмӕ хойраг хӕссын не ’мбӕлы.
Уаз уӕнт сӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕссынц нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, хойраг — сӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ хъуамӕ уой уаз.
Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уыдон арты хойраг сты — Дунедарӕгӕн хаст нывонд.
Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уыдон сты арты хойраг — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Фиутӕ иууылдӕр Дунедарӕджы хай сты.
Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн загъта: «Райсом сӕумӕйӕ равдисдзӕн Дунедарӕг, Йӕхи чи у ӕмӕ сыгъдӕг чи у, стӕй Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуын кӕй уадзы, уый. Кӕй равзӕрста, уымӕн Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуыны бар ратдзӕн.
Ӕвдисӕнтӕ уӕхӕдӕг ӕмӕ Хуыцау: сымахмӕ, уырнджытӕм, цардыстӕм сыгъдӕгӕй, рӕстзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕнӕфауӕй.
Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг,
Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.