12 Йӕ Хуыцауы Уаз Цӕрӕнӕй дӕр-иу ма рацӕуӕд ӕмӕ йӕ уымӕй ма фӕчъизи кӕнӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕрдӕн сойӕ снывонд чындӕуыд йӕ Хуыцауӕн. Ӕз — Дунедарӕг.
Сараз уадздзаг сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл скъах: „Дунедарӕджы уаз хай“.
Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.
Сымах та Фембӕлды Цатыры къӕсӕрӕй ма ахизут, науӕд амӕлдзыстут, уымӕн ӕмӕ сӕрст ӕрцыдыстут, цӕмӕй суат Дунедарӕджы сауджынтӕ». Ӕмӕ бакодтой, Моисей куыд загъта, афтӕ.
Алчер хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ӕнӕцыд чызг ракура.
Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрдӕн сой. Нывондхӕссӕныл цы туг уыди, уымӕй систа ӕмӕ дзы бапырх кодта Аароныл, стӕй йӕ дарӕсыл, Аароны фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл. Афтӕмӕй уазлӕггадӕн снывонд кодта Аароны, срухс ын кодта йӕ дарӕс, стӕй йӕ фыртты ӕмӕ уыдоны дарӕс дӕр.
Йӕхи Дунедарӕгӕн цы рӕстӕгмӕ снывонд кодта, уыцы бонты йын мардмӕ хӕстӕг бацӕуӕн нӕй.
Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.