Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 21:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Йе ’рвад-ӕфсымӕрты ’хсӕн хистӕр цы сауджын у — йӕ сӕрыл сӕрдӕн сой уагъд кӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ уаз чи сси, уаз дарӕс дарыны бар кӕмӕн ис, уымӕн не ’мбӕлы йӕ сӕрыхъуынтӕ уӕгъдӕй хӕссын, стӕй йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм рӕдувын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 21:10
18 Iomraidhean Croise  

Йаков йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ астӕуыл сӕхъис ӕрбатыхта ӕмӕ бирӕ бонты фӕкуыдта йӕ фыртыл.


Давид йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта, афтӕмӕй бӕгъӕввадӕй ӕмӕ кӕугӕйӕ цыди Елеоны хохмӕ. Йӕ адӕм дӕр сӕ сӕртӕ ӕрӕмбӕрзтой ӕмӕ кӕугӕйӕ цыдысты йемӕ.


Уый фӕстӕ Мардохей галуаны бахизӕнмӕ фӕстӕмӕ йӕ куыстмӕ ацыди, Аман та мастгӕнгӕ атындзыдта сӕхимӕ, йӕ сӕр ӕрбатыхта, афтӕмӕй.


Сыстади Иов, йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ сӕр ныддаста. Зӕххыл ныддӕлгом ис


Кувӕндонмӕ уӕ къухтӕ дарут ӕмӕ арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!


Уый фӕстӕ райс оливӕйы сой, йӕ сӕрыл ын ӕй рауадз ӕмӕ йӕ байсӕрд.


Ӕнӕдзургӕйӕ дзыназ, йӕ мардыл-иу ын богъ-богъ ма кӕн. Дӕ сарыхъ-иу стух дӕ сӕрыл, дӕ дзабыртӕ-иу дӕ къӕхтыл скӕн. Дӕ зачъе ма бамбӕрз, мардыкӕнды къӕбӕрӕй ма саход».


Хъотырӕй рынчын чи у, уый дарӕд скъуыдтӕ дарӕс, йӕ сӕрыхъуынтӕ йе уӕхсчытыл ӕркалӕд, йӕ зачъе та истӕмӕй бамбӕрзӕд ӕмӕ хъӕр кӕнӕд: „Ӕнӕсыгъдӕг дӕн! Ӕнӕсыгъдӕг дӕн!“


Тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау-иу сӕххӕст кӕнӕд, йӕ фыды бынатмӕ сауджынӕн кӕй байсӕрстой, уый. Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — уаз дарӕс,


алчер тӕригъӕды куы бацӕуа, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕм дӕр азымджын куы фӕуой, уӕд Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат гал.


Аароны сӕрыл сой ӕруагъта ӕмӕ йӕ байсӕрста — Дунедарӕджы раз ӕй ссыгъдӕг кодта.


Дзыллӕ хъуамӕ марӕджы фервӕзын кӕной тугисӕджы къухӕй ӕмӕ йӕ, кӕдӕм алыгъди, йӕ уыцы ӕмбӕхсӕн сахарыл фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕной. Цӕрӕд уым уаз сойӕ сӕрст хистӕр сауджыны амӕлӕтмӕ.


Нӕй йын суанг йӕ фыд, йӕ мад, йе ’фсымӕр кӕнӕ йӕ хойы мардыл андзӕвӕн ӕмӕ уымӕй йӕхи фӕчъизи кӕнӕн дӕр: Хуыцауӕн нывондгонд кӕй у, уыцы нысан ис йӕ сӕрыл.


Уыцы ныхӕстӕм алчер фӕйнӕрдӕм арӕдывта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan