9 Йӕ мад кӕнӕ йӕ фыды чи ӕлгъиты, уый мард ӕрцӕуӕд. Йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды кӕй ралгъыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ мӕлӕты аххосджын йӕхӕдӕг у.
Давид загъта: «Дӕхи аххосӕй ӕрцыди дӕ мӕлӕт, уымӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг загътай, Дунедарӕджы байсӕрсты амардтон, зӕгъгӕ».
Йӕ азым ын Дунедарӕг сӕвӕрӕд йӕхиуыл, уымӕн ӕмӕ мӕ фыды ӕвастӕй карды амӕттаг бакодта йӕхицӕй рӕстагдӕр ӕмӕ хуыздӕр дыууӕ лӕджы: Неры фырт Авнеры — Израилы ӕфсады хицауы ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — Иудейы ӕфсады хицауы.
Йӕ мад кӕнӕ йӕ фыды ӕфхӕрӕг хъуамӕ мард ӕрцӕуа.
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ’лгъиты, уымӕн саудалынджы йӕ царды рухс ахуысдзӕн.
Иуӕй-иутӕ ’лгъитынц сӕ фыдӕлты ӕмӕ сӕ мадӕлтӕн арфӕ нӕ кӕнынц.
Йӕ фыдыл худгӕ, йӕ ныййарӕг мадмӕ хъусыныл ӕлгъ цы цӕст кӕны, уый дӕлвӕзы халӕттӕ скъахдзысты.
пайдайы охыл ӕфстау куы дӕтта, уӕд ахӕм куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Нӕ, уымӕн нӕй фӕцӕрӕн. Ахӕм ӕлгъаг митӕ чи кӕны, уый ӕнӕмӕнг амӕлдзӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕты аххосджын уыдзӕн йӕхӕдӕг.
Дӕ цӕрджытӕ ӕлгъ кӕнынц сӕ ныййарджытыл, ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы.
Сылгоймаг исты фосмӕ куы бацӕуа, цӕмӕй йемӕ ӕриу уа, уый тыххӕй, уӕд-иу сылгоймаджы дӕр ӕмӕ фосы дӕр амарут. Сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.
Нӕлгоймаг ӕви сылгоймаг уа, мӕрдтӕм куы сидой кӕнӕ дӕсны куы фӕрсой, уӕд мард ӕрцӕуӕнт: дурты бын-иу сӕ фӕкӕнӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын“».
Хуыцау загъта: „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“, ӕмӕ ноджы: „Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады ӕфхӕрӕг амӕлӕд“.
Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»
Уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“; ноджы ма: „Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады ӕфхӕрӕг амӕлӕд“.
„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады чи бафхӕра, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“
Дӕ хӕдзары дуарӕй ӕддӕмӕ чидӕриддӕр рахиза, уымӕн-иу йӕ тӕригъӕд йӕхи фӕуӕд, махмӕ дзы ницы азым ӕрхаудзӕн. Дӕ хӕдзары мидӕг искӕй туг куы ныккӕла, уӕд-иу уый тӕригъӕд та мах сӕр баййафӕд.
Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ сӕ тӕригъӕд хъуамӕ иумӕ бафыстаиккой, уымӕн ӕмӕ Авимелех амардта Гедеоны дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, йе ’фсымӕрты, шехемӕгтӕ та йын уыцы фыдракӕнды ӕххуыс кодтой.