8 Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.
«Израилӕгтӕн зӕгъ, цӕмӕй Мын ӕххӕст кӕной Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ. Мӕ сабат Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ нысан у, цӕмӕй уӕ зӕрдыл дарат, Ӕз — Дунедарӕг — сымахӕй Мӕхицӕн уаз адӕм кӕй скодтон, уый.
Бафӕдзӕхстон сын Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын, Мӕн ӕмӕ уыдоны ӕхсӕн фидыды нысанӕн. Уадз ӕмӕ зоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уыдоны Чи срухс кӕны, Уый.
Ӕцӕгӕлон адӕмтӕ куы феной, Мӕ Кувӕндон Израилы астӕу сӕвӕрдтон, уый, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы адӕмы Йӕхицӕн уаз Чи кӕны, Уый“».
Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ: алыхуызон фосы мыггаг кӕрӕдзиимӕ ма хъазын кӕнут; дыууӕ хуызы мыггӕгтӕ ма таут уӕ хуымы; алыхуызон ӕндӕхтӕй конд дарӕс ма скӕнут уӕ уӕлӕ.
Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн».
Уаз ут Мӕ разы, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уаз дӕн. Ӕз уӕ иннӕ адӕмтӕй фӕхицӕн кодтон, цӕмӕй уат Мӕн.
Сауджыны уазыл нымай, уымӕн ӕмӕ уый хӕссы хойраг дӕ Хуыцауӕн. Сауджынмӕ уазы цӕстӕй кӕс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.
Мӕ уаз ном Мын ма фегад кӕнут, уазыл Мӕ нымайӕнт израилӕгтӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.
Уымӕн ӕмӕ, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Мӕнӕн Ме ’фсымӕр, Мӕ хо ӕмӕ Мӕ мад».
Ӕнӕзӕндтӕ ӕмӕ куырмытӕ! Сыгъзӕрин ахсджиагдӕр у ӕви, чи йӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Кувӕндон?
Уӕдӕ ацы фӕдзӕхстытӕн сӕ иууыл къаддӕры сӕрты дӕр чи ахиза ӕмӕ адӕмы дӕр афтӕ бакӕныныл чи сардауа, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни ӕппӕты къаддӕрыл. Фӕлӕ сӕ чи сӕххӕст кӕна ӕмӕ сӕ адӕмӕн дӕр чи бацамона, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни стырыл.
Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн.
Кӕд уый зонут, уӕд тӕхудиаг уыдзыстут, сымах дӕр афтӕ куы кӕнат, уӕд.
Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,
Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд ӕххӕстӕй — уӕ мон, уӕ уд ӕмӕ уӕ буар — ӕппӕт дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ.
Мах та сымах тыххӕй, Бардарӕг кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.
Ӕххӕст ӕй кӕнут ӕмӕ ма ут, ӕрмӕст ӕм байхъусынӕй дарддӕр чи ницы аразы ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхи чи сайы, ахӕмтӕ.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон тӕхудиаг сты — уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ кулдуарыл бацӕуыны бар.