Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 20:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уаз ут ӕмӕ архайут сыгъдӕгӕй цӕрыныл, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 20:7
15 Iomraidhean Croise  

уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау. Уӕхи сыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уаз ут, Ӕз уаз куыд дӕн, афтӕ. Хилӕг цӕрӕгойтӕй уӕхи макӕцыйы фыд хӕрынӕй фӕчъизи кӕнут,


уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн ӕмӕ уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау. Уӕдӕ ут сыгъдӕг, Ӕз сыгъдӕг куыд дӕн, афтӕ».


«Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сыгъдӕг дӕн.


Науӕд йӕ байзӕддӕгты йӕ мыггаджы ’хсӕн фӕчъизи кӕндзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы у, Уый».


Ӕрмӕст-иу ма бацӕуӕд ӕмбӕрзӕнмӕ, ма баввахс уӕд нывондхӕссӕнмӕ, уымӕн ӕмӕ сахъат у. Мӕ Уаз Цӕрӕн Мын ма фӕчъизи кӕнӕд. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый».


Сауджыны уазыл нымай, уымӕн ӕмӕ уый хӕссы хойраг дӕ Хуыцауӕн. Сауджынмӕ уазы цӕстӕй кӕс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.


Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Уый мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, цӕмӕй Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп уӕм.


Сымах Хуыцау сӕвзӕрста, стут Йӕ сыгъдӕг ӕмӕ уарзон адӕм. Уӕдӕ ут тӕригъӕдгӕнаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг, ӕвӕлмас ӕмӕ фӕразон.


Хуыцауӕн фӕндон у уӕ сыгъдӕг цард: уӕхи бахизут хӕлддзинадӕй.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау махмӕ чъизи цардӕй цӕрынмӕ нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг цардӕй цӕрынмӕ фӕсидти.


Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Бардарӕджы ничи фендзӕн.


Йешуа адӕмӕн загъта: «Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын уӕ бон нӕ бауыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг Хуыцау у, ӕнувыд Хуыцау, уе ’наккаг митӕ ӕмӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕ нӕ ныббардзӕн.


Йешуа адӕмӕн загъта: «Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг райсом уе ’хсӕн диссӕгтӕ сараздзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan