Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 20:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 уӕд Ӕз уыцы адӕймаг ӕмӕ йӕ мыггаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, йӕхи дӕр ӕмӕ ма йемӕ хъахбайау Молохы фӕдыл чи цыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, сӕ адӕмӕй фӕхъӕудзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 20:5
13 Iomraidhean Croise  

Суанг ма Иудейы хӕхтыл кувӕн къуыбыртӕ дӕр сарӕзта, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕуаг митыл бафтыдта, раст фӕндагӕй сӕ аздӕхта.


Фӕлӕ чысыл куы вӕййы сӕ нымӕц, ӕфхӕрд, фыдбӕллӕх ӕмӕ тухиты бын хъизӕмар куы февзарынц,


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Скӕс-ма къуыбыртӕм: ӕлгъаг митӕ кӕм нӕ фӕкодтай, ахӕм бынат ма баззади? Араббаг лӕг ӕдзӕрӕг быдыры куыд фӕбады, уыйау фӕндаджы был бадтӕ ӕмӕ дӕ хӕзгултӕм ӕнхъӕлмӕ кастӕ. Дӕ хӕтын ӕмӕ дӕ мӕнгард митӕй фӕчъизи кодтай зӕхх!


Иу зӕрдӕ ӕмӕ иу фӕндаг сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ цӕрӕнбонты тӕрсой сӕхи ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты фарны сӕраппонд.


Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз сымахӕй уӕ фыдбылызӕн Ме ’ргом аздахдзынӕн, ӕппӕт иудейӕгты ныццӕгъддзынӕн!


Баалы гуымирытӕн буд кӕй сыгъта, уый тыххӕй йӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн. Йӕхи-иу хъусцӕджытӕ ӕмӕ фӕрдгуытӕй сфӕлыста, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хӕзгулты фӕдыл зылди, Мӕн та-иу рохуаты ныууагъта, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕддӕкъах уыди сӕ мад ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныййардта. Дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ хӕзгулты фӕстӕ цӕудзынӕн: уыдон мын дӕттынц дзул ӕмӕ дон, къуымбил ӕмӕ гӕн, оливӕйы сой ӕмӕ нозт.


Израилӕгтӕй кӕнӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕхи туджы хъӕстӕ куы фӕкӕна, уӕд ӕй Ӕз мӕ азары хай бакӕндзынӕн, хъодыгонд ӕй фӕкӕндзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй,


Цы цӕуӕнгӕс дӕлимонтимӕ хӕтынц, уыдонӕн мауал хӕссӕнт нывӕндтӕ. Уый сын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса ӕмӕ бӕстӕйы адӕм сӕхи ницыуынӕг куы скӕной, куынӕ йӕ амарой,


Мӕрдтӕмсидджытӕм ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм чи цӕуа, семӕ чи хӕта, уыдоны Мӕ азар баййафдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan