Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 20:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 20:3
16 Iomraidhean Croise  

Ахӕм сӕрдӕн чи сараза ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».


Сымах та, Израилы адӕм, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уӕ гуымирытӕм ацӕут ӕмӕ сын лӕггад кӕнут, кӕд Мӕнмӕ нӕ хъусут, уӕд, фӕлӕ Мын Мӕ уаз ном уӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ уӕ гуымирытӕй мауал фӕчъизи кӕнут.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — де ’лгъаг гуымирытӕй ӕмӕ де ’ппӕт ӕнаккаг митӕй Мын Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи кодтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз ӕрӕлхъивдзынӕн, Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн.


Израилӕгты-иу, ӕнӕсыгъдӕг цы у, уыдӕттӕй бахизут, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ афтӕмӕй, се ’хсӕн Мын цы цӕрӕн ис, уый дӕр ма фӕчъизи уа, науӕд амӕлдзысты.


Израилӕгтӕй кӕнӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕхи туджы хъӕстӕ куы фӕкӕна, уӕд ӕй Ӕз мӕ азары хай бакӕндзынӕн, хъодыгонд ӕй фӕкӕндзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй,


Дӕ цотӕй Молохӕн макӕй снывонд кӕн, ма фегад кӕн дӕ Хуыцауы ном. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Мӕ номӕй мӕнг сомытӕ ма кӕнут, науӕд уӕ Хуыцауы ном фегад кӕндзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса ӕмӕ бӕстӕйы адӕм сӕхи ницыуынӕг куы скӕной, куынӕ йӕ амарой,


Уаз уӕнт сӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕссынц нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, хойраг — сӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ хъуамӕ уой уаз.


Фӕлӕ исчи фечъизи ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй бахордта, зӕгъгӕ, — адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн.


Исчи исты ӕнӕсыгъдӕгыл куы бандзӕва — адӕймаджы кӕнӕ фосы чъизитыл, йе та исты ӕлгъаг фӕлдисондыл, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй куы бахӕра, уӕд уый дӕр йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».


Марды буарыл чи андзӕва ӕмӕ йӕхи чи не ссыгъдӕг кӕна, уый Дунедарӕджы цӕрӕнуат чъизи кӕны ӕмӕ Израилы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн. Уымӕн ӕмӕ уый сыгъдӕггӕнӕн донӕй нӕ бапырх кодтой, ӕмӕ чъизи у, йӕ чъизи ис йӕ уӕлӕ.


Чи фӕчъизи ис, уый йӕхи куынӕ ссыгъдӕг кӕна, уӕд та дзыллӕйӕ фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕн чъизи кӕны: сыгъдӕггӕнӕн донӕй йыл нӕ бапырх кодтой, ӕмӕ чъизи у.


Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та стӕм цардӕгас Хуыцауы хӕдзар, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.


Бардарӕг уыны рӕстгӕнджыты ӕмӕ сын хъусы сӕ куывд; фыдгӕнджытӕн та Хуыцау сӕ ныхмӕ у».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan