Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 20:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Йӕ фыды ’фсымӕры усимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, уый йӕ фыды ’фсымӕры фегад кӕндзӕн. Сӕ дыууӕ дӕр сӕ тӕригъӕды аххосӕй ӕфхӕрд баййафдзысты — ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 20:20
8 Iomraidhean Croise  

Нӕдӕр ын цот ис, нӕдӕр цоты цот, адӕмы ’хсӕн йӕ хӕдзар дзӕгъӕлӕй баззайдзӕни.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы лӕджы, цотӕй хай кӕмӕн нӕй, ахӕмыл банымайут, цӕрӕнбонты уыдзӕн ӕнамонд. Йӕ байзӕддӕгтӕй иу дӕр амондджын нӕ уыдзӕн, уыдонӕй Давиды паддзахы бадӕны ничи сбаддзӕн ӕмӕ Иудейы паддзахиуӕг нӕ кӕндзӕн».


Дӕ фыды ’фсымӕры ма фегад кӕн — ма йын бавнал йӕ усмӕ. Уый дӕ хион у.


Исчи йе ’фсымӕры усы куы ракура, уӕд уый ӕлгъаг ми у. Йе ’фсымӕры фегад кодта, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй баззайдзысты.


«Уый мын Хуыцау сарӕзта — ӕркасти мӕм, цӕмӕй адӕмы ’хсӕн ӕгад мауал уон».


Цот сын нӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ Елисаветӕ ӕнӕзӕнӕг уыдис. Афтӕмӕй сӕ дыууӕйыл дӕр дзӕвгар азтӕ рацыд.


Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Тӕхудиаг сты, сывӕллон чи нӕ ныййардта ӕмӕ йӕ риуы ’хсырӕй хъӕбул чи не схаста, уыцы ӕнӕзӕнӕг сылгоймӕгтӕ!“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan