19 Йӕ мады хо кӕнӕ йӕ фыды хоимӕ ӕмуат мачи ӕрцӕуӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ туг, йе стӕг сты. Ахӕм ми чи бакӕна, уыдон дыууӕйӕ дӕр азымджын уыдзысты.
Амрам ракуырдта йӕ фыды хо Йохеведы, ӕмӕ йын уый ныййардта Аарон ӕмӕ Моисейы. Амрам фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы.
Хӕстӕг уын чи ӕййафа, ахӕм сылгоймагмӕ уӕ мачи бавналӕд, мачи ӕрӕмуат уӕд йемӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн.