1 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа:
Дӕ Хуыцауы Ӕгъдау ӕмӕ паддзахы закъон чи не ’ххӕст кӕна, уыдонӕн ӕвӕстиатӕй хӕссут марыны, фӕтӕрыны, ӕхцайы фиддоны кӕнӕ ахӕстоны бакӕныны тӕрхон».
Хинномы фырты дӕлвӕзы, Тофеты, кувӕн къуыбыртӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты нывондӕн хӕссой. Уый сын Ӕз нӕ бафӕдзӕхстон! Нӕу Мын ӕхцон!
фӕлӕ-иу Мын Мӕ цоты дӕр аргӕвстай ӕмӕ-иу сӕ арты нывондӕн ӕрхастай гуымирытӕн!
Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн».
«Уӕхицӕй кӕнӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса, уӕд мард ӕрцӕуӕд: адӕм ӕй дурты бын фӕкӕнӕнт.
Фӕлӕ Дунедарӕджы зӕрдӕ мингай фыстӕй кӕнӕ оливӕйы сойы цӕугӕдӕттӕй чи балхӕндзӕн? Мӕ фыдракӕнд ныббарыны охыл мӕ фыццаг зӕнӕджы тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссон, мыййаг?
Дунедарӕгӕй куы тӕрсат, куы Йын куват, Йӕ коммӕ куы кӕсат, Йӕ фӕндоны ныхмӕ куынӕ лӕууат, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ паддзах дӕр Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдыл куы цӕуат, уӕд Дунедарӕг уӕ ныхмӕ нӕ рацӕудзӕн.