9 Хуынӕн йӕ иу хай нывондхӕссӕныл басудздзӕн, иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.
ӕмӕ йӕ афтӕмӕй иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудз. Уый у иууылсудзинаг нывонд Дунедарӕгӕн, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.
Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.
Кусартӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын. Уый фӕстӕ сауджын кусарт ӕнӕхъӕнӕй нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.
Сауджын сойхӕццӕ цӕкуытӕн сӕ иу хай, стӕй буд ӕнӕхъӕнӕй басудзӕд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд Дунедарӕгӕн.
ӕмӕ йӕ ӕрбахӕсса Аароны байзӕддӕгтӕм, сауджынтӕм. Сойхӕццӕ ссадӕй сауджын йӕ армы дзаг сисӕд, стӕй буд дӕр иууылдӕр райсӕд ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.
Дунедарӕджы номыл конд хойраджы хуын ӕрбахӕсс ӕмӕ йӕ сауджынмӕ ратт. Уый йӕ бахӕсдзӕн нывондхӕссӕнмӕ.
Алы рӕнхъӕн дӕр-иу йӕ фарсмӕ ӕрӕвӕр сыгъдӕг буд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн, арты нывондӕн.
Уый фӕстӕ сауджын кусарты нӕрдтӕ фӕхицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.
Ӕрбахӕссӕд ӕй сауджынмӕ, ӕмӕ дзы уый армыдзаг сисӕд, нывондхӕссӕныл ӕй басудзӕд Дунедарӕджы номыл, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у тӕригъӕды нывонд.
Сауджын-иу хойраджы хуыны сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй йӕ армыдзаг сисӕд, стӕй, йӕ сӕрыл цы буд ӕвӕрд ис, уый иууылдӕр, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн.
«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
Сисӕд уыцы хуынӕй йӕ армыдзаг, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый фӕстӕ сылгоймагӕн дон бадарӕд.
Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.
Хуыцау мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй муртаттӕгтӕн уазлӕггад кӕнон Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ сын хъусын кӕнон Хуыцауы Фарны Уац, цӕмӕй муртаттӕгтӕ суой, Сыгъдӕг Уд кӕй ссыгъдӕг кодта, ахӕм фӕндиаг цардӕгас нывонд.
Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.
Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕд дӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕнын уе ’ппӕтимӕ дӕр.
Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.