15 Оливӕйы сой сыл ӕркӕн ӕмӕ сыл уӕлейӕ буд ӕрӕвӕр. Уый у хойраджы хуын.
Райс донгонд дзул, сойхӕццӕ донгонд гуылтӕ ӕмӕ сойхӕццӕ донгонд лауаситӕ — се ’ппӕт дӕр ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй —
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: натаф, шехелет, хелбена, стӕй се ’ппӕты бӕрц сыгъдӕг буд.
Дунедарӕгӕн хойраджы хуын чи хӕсса, уый хъуамӕ райса мӕнӕуы ссад, ӕркӕна йыл оливӕйы сой, ӕрӕвӕра йыл буд
Дунедарӕгӕн дӕ хоры сӕртӕй хойраджы хуын куы хӕссай, уӕд-иу ӕрбахӕсс фӕхты хост цӕкуытӕ — цъӕх ӕфсиртӕй.
Сауджын сойхӕццӕ цӕкуытӕн сӕ иу хай, стӕй буд ӕнӕхъӕнӕй басудзӕд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд Дунедарӕгӕн.
Кӕд йӕ къух нӕ амона дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны нывондӕн ӕрхӕссын, уӕд тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн нывондӕн ӕрбахӕссӕд хуын — мӕнӕуы ссад, ефӕйы дӕсӕймаг хай. Ӕрмӕст ыл уӕлейӕ оливӕйы сой ма ӕркӕнӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ уый тӕригъӕды нывонд у.
уӕд Дунедарӕджы нывондимӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ хойраджы хуын дӕр уа: мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ змӕстӕй.