Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 2:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Дӕ алы хойраджы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа, ӕдзӕххӕй йӕ ма ныууадз, уымӕн ӕмӕ цӕхх нысан кӕны, дӕ Хуыцауы фидыд демӕ мыггагмӕ кӕй ис, уый. Дӕ алы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 2:13
8 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мыггагмӕйы фидыдмӕ гӕсгӕ, Израилы паддзахад Давид ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн кӕй радта, уый нӕ зонут, ӕви?


ӕвзист — сӕдӕ таланты, мӕнӕу — сӕдӕ коры, сӕн — сӕдӕ баты, оливӕйы сой — сӕдӕ баты, цӕхх та — цасдӕриддӕр бахъӕуа, уый бӕрц.


Уыдон арӕхстгай иумӕ сызмӕнт, цӕмӕй сӕ рауайа судзинаг хӕрздӕфгӕнӕн; цӕхх дӕр ма йыл акӕн. Хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ уаз.


Ӕрбакӕн-иу Мын сӕ Дунедарӕджы размӕ, ӕмӕ-иу сӕ сауджынтӕ аргӕвдӕнт, ауӕнгтӕ кӕнӕнт, ныккӕнӕнт-иу сыл цӕхх ӕмӕ-иу Мын сӕ ӕрхӕссӕнт иууылсудзинаг нывондӕн.


Израилӕгтӕ цы уаз хуынтӕ хӕссынц Дунедарӕгӕн, уыдон иууылдӕр Ӕз дӕттын дӕуӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕн, ӕмӕ мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй уӕ хай сты. Уый у Дунедарӕджы раз демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ арӕзт мыггагмӕйы фидыд, цӕххы фидыдау — ӕнусон».


Сымах зӕххӕн йӕ цӕхх стут. Цӕххы ад куынӕуал уа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.


Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan