12 Уыдон ын уӕ хоры сӕртимӕ хӕссут, фӕлӕ сӕ нывондхӕссӕныл ӕхцон хӕрздӕфы номыл ма судзут.
Афтӕмӕй, Ефронӕн Мамрейы ныхмӕ Махпелайы цы быдыр уыди, уый бацис Авраамы ӕд лӕгӕт, ӕд бӕлӕстӕ. Уымӕн ӕвдисӕн уыдысты, сахары кулдуармӕ чи ӕрӕмбырд ис, уыцы хеттӕгтӕ иууылдӕр.
Адӕмӕн уыцы бардзырд куы фехъусын кодтой, уӕд израилӕгтӕ сӕ тыллӕджы сӕртӕй бирӕ хуынтӕ ӕрбахастой: хор, сӕн, оливӕйы сой, мыд, хуымты алы бӕркад — алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай.
Дӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ Мын дӕ сӕны хуыздӕр хӕссынмӕ фӕстиат ма кӕн. Уӕ фырттӕй хистӕр зӕнӕг чи уа, уый дӕттут Мӕнӕн.
Дӕ хуымы хоры сӕртӕ-иу ӕрбахӕсс дӕ Хуыцауы — Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц.
Бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон дӕр — уӕ хуымты цы мӕнӕу байтыдтат, уымӕн йӕ фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон. Афӕдзы кӕрон бӕрӕг кӕнут Тыллӕгӕфснайӕн.
кӕй уын дӕттын, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уым уӕ хуымтӕ куы ӕркӕрдат, уӕд-иу уӕ хоры фыццаг куырис ӕрбахӕссут сауджынмӕ.
Кӕмдӕриддӕр цӕрат — хӕрдмӕ сисынӕн-иу ӕрбахӕссут дыууӕ дзулы. Хъуамӕ конд уой ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй — ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайӕ, ӕнхъызт хыссӕйӕ — уӕ хоры сӕрӕй Дунедарӕгӕн хуын.
Фидыды нывондимӕ ӕрбахӕссӕд ӕнхъызт хыссӕйӕ конд тӕнджытӕ дӕр.
Ног хоры ссады сӕртӕй-иу Мын гуыл скӕнут, цыма мусы лӕвар у, афтӕ.
Дунедарӕгӕн хаст сой, сӕн ӕмӕ хоры хуыздӕртӕ — ног тыллӕджы сӕртӕ — Ӕз дӕттын дӕуӕн.
Фӕлӕ Чырысти мӕрдтӕй райгас — чи амарди, уыдонӕй фыццаг Уый райгас.
Ӕмӕ мӕнӕ ӕрбахастон, Дунедарӕг, Ды мын кӕй радтай, уыцы зӕххы тыллӕгӕн йӕ сӕртӕ“. Ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ дӕ сӕрӕй ныллӕг акув Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.
Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывонд чындӕуыд хоры сӕрау.