Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 2:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дунедарӕгӕн ӕнхъизӕнджын хойраджы хуынтӕ ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр ӕнхъизӕнджын хойраг, нӕдӕр мыд Дунедарӕгӕн арты нывондӕн хӕссын ӕмбӕлы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 2:11
19 Iomraidhean Croise  

Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Мӕ бӕрӕгбӕтты нывӕндты фиу райсоммӕ макуы ныууадзут.


Уый фӕстӕ сын сӕ райс сӕ къухтӕй ӕмӕ сӕ иууылсудзинагимӕ нывондхӕссӕныл басудз Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывондӕн.


Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Куадзӕны нывонды дзидза уын райсоммӕ макуы баззайӕд.


Мӕ лӕппу, мыд хӕр, уымӕн ӕмӕ мыд хорз у, мыды фӕзгъӕртӕ дын дӕ дзых садджын кӕндзысты.


Мыд куы ссарай, уӕд дзы ӕрмӕст, цас дӕ хъӕуы, уый бӕрц бахӕр; фырхӕрд дзы куы бакӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕ схӕццӕ уыдзӕн.


Мыдӕн йӕ бирӕ хӕрд пайда куыд нӕу, афтӕ ’ппӕлӕн ныхасмӕ бӕллын дӕр хорз нӕу.


Кусарты хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын, уый фӕстӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Райсомӕй сауджын йӕ уӕлӕ скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — пӕлӕз ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф. Нывондхӕссӕнӕй, судзгӕ-судзын иууылсудзинаг нывонды сой кӕдӕм фӕтагъди, уыцы фӕнык сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цур ӕркалӕд.


Йесо сын загъта: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй».


Йесо та сын фӕдзӕхста: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты, стӕй Ироды ӕнхъизӕнӕй».


Уӕдмӕ уый бӕрц адӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ дзы азмӕлӕн дӕр нал уыди. Йесойӕн йӕ фыццаг ныхас уыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм: «Уӕхи хизут фарисейты ӕнхъизӕнӕй — цӕстмӕхъусдзинадӕй.


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.


Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.


Чысыл ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр сӕнхъизын кӕны.


буары цӕрынӕн ма йын цы рӕстӕг баззади, уый ӕрвиты адӕймаджы тӕригъӕдджын мондӕгтӕ уадзгӕйӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan