8 Чи дзы бахӕра, уый уыдзӕнис азымджын, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы уаз хай фӕчъизи кодта; йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Ахӕм сӕрдӕн чи сараза ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».
Ӕртыккаг бон ма исчи фидыды нывондӕй куы бахӕра, уӕд ӕй нӕ айстӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы дзидза ӕнӕсыгъдӕг у.
Уӕ зӕххы тыллӕг куы ӕфснайат, уӕд-иу уӕ хуымты кӕрӕттӕ ма ныккӕрдут, стӕй-иу, уӕ хуымы цы баззайа, уыдон дӕр ма ӕруидзут.
Сауджынтӕ дӕр-иу, израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн цы уаз хуынтӕ ӕрбахӕссынц, уыдон ма фӕчъизи кӕнӕнт.
Адӕймагӕн йӕ разы исты хабар ӕрцыди, йӕхи цӕстӕй цыдӕр федта ӕмӕ бӕлвырд исты зоны, фӕлӕ йӕхи ныхъхъус кодта, ӕвдисӕн нӕ ныллӕууыд ӕмӕ уымӕй тӕригъӕды бацыди, зӕгъгӕ, уӕд йӕ азымы тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта.
Фӕлӕ исчи фечъизи ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй бахордта, зӕгъгӕ, — адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн.
Исчи исты ӕнӕсыгъдӕгыл куы бандзӕва — адӕймаджы кӕнӕ фосы чъизитыл, йе та исты ӕлгъаг фӕлдисондыл, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй куы бахӕра, уӕд уый дӕр йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».