Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 19:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Фидыды нывонд-иу Дунедарӕгӕн, барст ын куыд ӕрцӕуа, афтӕ ӕрхӕссут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 19:5
16 Iomraidhean Croise  

Езекиа скодта сауджынтӕ ӕмӕ левитты уаз куысты рад, кӕмӕ дзы цы хӕс хауди, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссой, уаз куыст кӕной, арфӕ ӕмӕ кады зарджытӕй Дунедарӕджы стауой асадӕны кулдуары раз.


Израилы ӕрыгон лӕппутӕн загъта, ӕмӕ ӕрбакодтой галтӕ — Дунедарӕгӕн ӕрхастой иууылсудзинаг ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ.


Адӕмы фӕтӕг Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг кӕнӕ фидыды нывонд бархийӕ ӕрхӕссинаг куы уа, уӕд-иу ын байгом кӕнӕнт скӕсӕйнаг кулдуар, ӕмӕ-иу, сабаты куыд бакодта, афтӕ ӕрхӕссӕд йӕ иууылсудзинаг ӕмӕ йӕ фидыды нывонд, уый фӕстӕ-иу рацӕуӕд. Куы рацӕуа, уӕд-иу кулдуар ӕхгӕд ӕрцӕуӕд йӕ фӕдыл.


Фӕтӕг-иу бацӕуӕд кулдуары раз ӕддаг тыргъыл ӕмӕ-иу ӕрлӕууӕд кулдуары цӕджындзты раз. Сауджынтӕ-иу ын ӕрхӕссӕнт йӕ иууылсудзинаг ӕмӕ йӕ фидыды нывонд, уый та-иу кулдуары раз бакувӕд Дунедарӕгмӕ ӕмӕ рацӕуӕд. Кулдуар-иу изӕрмӕ ӕхгӕд ма ӕрцӕуӕд.


Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.


Гуымирытӕм уе ’ргом ма здахут ӕмӕ уӕхицӕн джиппыуагъд гуымирытӕ ма аразут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы, нывондӕн ӕй куы ӕрхӕссат, уыцы бон, стӕй дыккаг бон. Ӕртыккаг бонмӕ ма дзы цы баззайа, уый арты сыгъд ӕрцӕуӕд.


уӕд, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ балхӕна, уый тыххӕй йӕ нывонд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат ӕмӕ нӕл: гал, фыр кӕнӕ цӕу.


Исчи сомыйы фӕдыл кӕнӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ стурвосӕй кӕнӕ лыстӕг фосӕй фидыды нывонд куы хӕсса Дунедарӕгӕн, уӕд, цӕмӕй барст ӕрцӕуа, уый тыххӕй равзарӕд ӕнӕсахъат фос, иу аипп дӕр кӕмӕ нӕ уа, ахӕм.


Стур кӕнӕ фысӕн йӕ къӕхтӕ ӕгӕр даргъ кӕнӕ ӕгӕр цыбыр куы уой, уӕд ӕй ис ӕрхӕссӕн бархийы нывондӕн. Сомыйы нывондӕн ӕй нӕй ӕрхӕссӕн, уымӕн ӕмӕ барст нӕ уыдзӕн.


Дунедарӕгӕн арфӕйы нывонд куы хӕссат, уӕд ӕй ӕрхӕссут афтӕ, цӕмӕй барст уа.


Сомыйы фӕдыл кӕнӕ бархийӕ цы нывонд ӕрхӕссой, уымӕн та йӕ дзидза бахӕрын хъӕуы йе ’рхӕссыны бон, цы ма дзы баззайа, уый та — дыккаг бон.


Ӕртыккаг бон ма фидыды нывондӕй чи бахӕра, уымӕн йӕ нывонд Хуыцауӕн ӕхцон нӕ уыдзӕн, нӕ йын ӕй айсдзӕн. Уыцы дзидза ӕлгъаг у, ӕмӕ дзы чи бахӕра, уый йӕ тӕригъӕдӕн дзуапп ратдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan