Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 19:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Уӕ тӕраз, уӕ барӕн дуртӕ, уӕ барӕн ефӕ ӕмӕ уӕ барӕн гин раст барӕнт. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 19:36
11 Iomraidhean Croise  

Сӕ бӕрны уыдысты, Дунедарӕджы раз-иу Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдтой, уыцы дзултӕ, хуынӕн чи хъуыди, уыцы ӕвзаргӕ ссад, донгонд лауаситӕ, лауызтӕ, стӕй, ссадӕй ма-иу ноджыдӕр цы фыцинӕгтӕ сызмӕстой, уыдӕттӕ, ноджы ма — алы уӕзбарст ӕмӕ алы дӕргъбарст дӕр.


«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.


Дунедарӕгӕн сайаг барӕнтӕ ӕлгъаг сты, раст уӕзбарӕнтӕ — ӕхцон.


Дунедарӕг раст уӕзбарӕнтӕ домы, хызыны цы уӕзбарӕнтӕ ис, уыдон Уый сфӕлдыста.


Сайаг барӕнтӕ, сайаг уӕзбарӕнтӕ — сӕ иу дӕр ӕмӕ сӕ иннӕ дӕр ӕлгъаг у Дунедарӕджы раз.


Раст барӕнт уӕ тӕраз, уӕ барӕн ефӕ ӕмӕ уӕ барӕн бат.


уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн ӕмӕ уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау. Уӕдӕ ут сыгъдӕг, Ӕз сыгъдӕг куыд дӕн, афтӕ».


Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн».


Сайаг тӕрӕзтӕ ӕмӕ фӕливӕг уӕзбарӕнтӕ Ӕз куыд хъуамӕ банымайон растыл?


Ӕз ӕй бафарстон: «Цы у уый?» Дзуапп мын радта: «Уый у, ефӕйы бӕрц кӕм цӕуы, ахӕм барӕн мигӕнӕн». Загъта ма: «Уый у ӕгас зӕххы азым».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan