32 Урссӕрӕн-иу сыст ӕмӕ хистӕрӕн кад кӕн. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Ӕз — Дунедарӕг.
Рахел йӕ фыдӕн афтӕ: «Ма мӕм фӕхӕрам уӕд мӕ хицау, мӕ бон ын сыстын кӕй нӕу, уый тыххӕй: ныртӕккӕ сылгоймаджы низӕй тыхсын». Афтӕмӕй, Лаван йӕ хуыцаугӕндтӕ фӕцагуырдта, фӕлӕ сӕ не ссардта.
Йосеф сабиты Израилы хъӕбысӕй рахизын кодта ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.
Ӕмӕ Вирсави Адониайы тыххӕй паддзах Соломонмӕ бацыд. Паддзах ын фестад, ныллӕг ын акуывта йӕ сӕрӕй ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бадӕны сбадти. Уӕд паддзахы мадӕн дӕр ӕрӕвӕрдтой бадӕн. Уый Соломоны рахизфарс сбадти ӕмӕ загъта:
Кад кӕнут Мӕнӕн, сымах Йе стыр хъомысы фӕрцы ӕмӕ Йӕ хъомысджын къухӕй Мысыры зӕххӕй Чи ракодта, уыцы Дунедарӕгӕн, — Уымӕн кувут ӕмӕ Йын хӕссут нывӕндтӕ.
Елигу Иовӕн исты зӕгъынмӕ тагъд нӕ кодта, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕ уымӕй хистӕр уыдысты.
Елигу, Барахелы фырт, Бузийы байзӕддаг, загъта: «Ӕвзонг дӕн ӕз, сымах та стут зӕронд, ӕмӕ ӕфсӕрмӕй мӕ хъуыды ӕз нӕ загътон раздӕр.
Урс сӕр — намысы кады худ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый йӕ ссардзӕнис.
Лӕппуйы кад — йӕ хъару, зӕронд лӕг та йӕ урс сӕрӕй фидауы.
Хъус дӕ фыдмӕ, уымӕн ӕмӕ дын цард уый радта, дӕ ныййарӕг мад куы базӕронд уа, уӕд дӕр ыл ӕлгъ ма кӕн.
Иу адӕймаг ӕфхӕрдзӕн иннӕйы, хион — хионы; ӕрыгӕттӕ хъаздзысты зӕрӕдтӕй, ӕнӕрӕгъыдзыдтӕ — уӕздӕттӕй.
Фыдгултӕ нын ӕрцауыгътой нӕ фӕтӕгты, сӕгад сты нӕ хистӕртӕ!
Къуырмайӕн ма кӕн йӕ фыдгой ӕмӕ куырмӕн йӕ фӕндагыл цӕлхдур ма ӕвӕр. Дӕ Хуыцауӕй тӕрс. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Уӕдӕ, кӕмӕн цы ӕмбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — фиддон, нымайын кӕй ӕмбӕлы, уый нымайут, кад кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн кӕнут кад.
Зӕронд лӕгмӕ тызмӕгӕй ма дзур, фӕлӕ йын амон, цыма дӕ фыдӕн амоныс, афтӕ. Кӕстӕртимӕ дзур, дӕхи ’фсымӕртимӕ дзурӕгау;
Аргъ кӕнут алкӕмӕн дӕр, уарзут ӕфсымӕрты, тӕрсут Хуыцауӕй, нымайут паддзахы.