Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 19:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Дзидза тугимӕ ма хӕрут. Дӕсны ма фӕрсут ӕмӕ кӕлӕнтӕ ма кӕнут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 19:26
22 Iomraidhean Croise  

Уый ме ’лдары синон куы у! Ме ’лдар дӕсны дӕр уымӕй фӕфӕрсы! Ӕнахъинон ми бакодтат“».


Фыдызгъӕл хӕрыны бар уын ис, фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕут, уымӕн ӕмӕ туджы ис цард.


Арты нывондӕн хастой сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты, дӕсны фарстой ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодтой. Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттыл бафтыдысты, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодтой.


Арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты, дӕсны фарста ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, суанг ма мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты дӕр баххуырста. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ сарӕзта, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодта.


Хинномы фырты дӕлвӕзы арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фыртты, дӕсны фарста, хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты уынаффӕтӕм хъуыста. Дунедарӕджы раз бирӕ фыдракӕндтӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ бирӕ галиу митӕй мӕсты кодта Дунедарӕджы.


Уӕд фараон фӕсидти йӕ куырыхонтӕм ӕмӕ йӕ кӕлӕнгӕнджытӕм, ӕмӕ Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ дӕр хин ӕмӕ кӕлӕны руаджы афтӕ бакодтой:


Уӕд Мысыры кӕлӕнгӕнджытӕ дӕр сӕ кӕлӕнты руаджы Мысыры зӕхх галхӕфсытӕй байдзаг кодтой.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕндӕр адӕмты фӕндӕгтыл уӕхи ма ахуыр кӕнут ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕ цы ӕрвон ӕвдисӕйнӕгтӕй тӕрсынц, уыдонӕй ма тӕрсут.


Куырыхонтӕ паддзахӕн загътой: «Зӕххыл никӕй бон бауыдзӕн паддзахы домӕн сӕххӕст кӕнын. Иу номдзыд ӕмӕ хъомысджын паддзах дӕр дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ ӕмӕ стъалыдӕснытӕм ахӕм фарст никуыма радта.


Дыргътӕ уӕ бон хӕрын уыдзӕни фӕндзӕм азӕй фӕстӕмӕ. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ бӕлӕсты бӕркад бирӕ уыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».


Кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым тугӕй ма фӕхъӕстӕ ут: нӕдӕр мӕргъты тугӕй, нӕдӕр фосы тугӕй.


Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, ӕмӕ сӕхи бахизӕнт, мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ уый аххосӕй чи фӕчъизи, уыцы хойраг хӕрынӕй, хъахбайдзинадӕй, хӕдмӕл дзидза ӕмӕ туг хӕрынӕй [стӕй, сӕхицӕн сӕ цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн дӕр ма кӕнӕнт].


Фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕкӕнут уӕхи, зӕхмӕ-иу ӕй акалут донау.


Фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕкӕн дӕхи, уымӕн ӕмӕ туг цард у, ӕмӕ йӕ ма бахӕр фыдызгъӕлимӕ.


Ӕрмӕст ын йӕ тугӕй макуы фӕхъӕстӕ кӕнут уӕхи, зӕхмӕ-иу ӕй акалут донау.


Тӕлӕттаг фыстӕ, стуртӕ ӕмӕ родтыл сӕхи ныццавтой ӕмӕ-иу сӕ зӕххыл ӕрбаргӕвстой. Сӕ туг-иу нӕма рацыди, афтӕмӕй сӕ хордтой.


Саулмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Мӕнӕ адӕм Дунедарӕджы раз тӕригъӕды цӕуынц — фыдызгъӕл тугимӕ хӕрынц». Саул загъта: «Тӕригъӕд ми бакодтат. Ӕрбатулут-ма мӕм стыр дур».


Иу у сӕ азым дӕсныфӕрсӕг ӕмӕ ӕнӕсӕттонӕн, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕн кувӕг ӕмӕ хивастӕн. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уымӕ гӕсгӕ дыл Уый дӕр атигъ кодта Йӕхи, цӕмӕй паддзахиуӕг мауал кӕнай».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan