22 Сауджын-иу ӕрхӕссӕд фиддоны нывонд ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы лӕгӕн йӕ тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни барст.
Йӕ азымы тыххӕй нӕлгоймаг Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрбакӕнӕд фыс — Дунедарӕгӕн фиддоны нывондӕн.
Ханааны зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уым дыргъбӕлӕстӕ куы ныссадзат, уӕд сын фыццаг ӕртӕ азы сӕ дыргътӕ нымайут нӕфӕтчиагыл, ма-иу дзы хӕрут.
Ацы галӕн дӕр, тӕригъӕды нывондӕн цы гал ӕрхӕссынц, уымӕн цы ’мбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ бакӕнӕд. Афтӕмӕй алчер сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ сын уӕд уыдзӕни барст.
Кусартӕн йӕ нӕрдтӕ та нывондхӕссӕныл басудзӕд, фидыды нывонды нӕрдтӕ куыд басудзынц, афтӕ. Уыйадыл сауджын тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ хицауӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.
Уый фӕстӕ сауджын кусарты нӕрдтӕ фӕхицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.
Уый фӕстӕ сауджын нывондӕн йӕ нӕрдтӕ иууылдӕр рахицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд Дунедарӕджы номыл. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.
Кӕд йӕ къух нӕ амона нывондӕн фыс ӕрхӕссын, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбахӕссӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн.